ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы 900 скъола ӕмӕ 15 сабидонӕй фылдӕр ӕрцыдысты ӕхгӕд грипп ӕмӕ ОРВИ аххосагӕн, загъта РИА Новости Роспотребнадзоры сӕргълӕууӕг Анна Попова.
"Организацигонд коллективты эпидпроцесс ӕруромыны нысанӕн скъолаагъоммӕ кары сывӕллӕттӕ ӕмӕ скъоладзауты фӕрынчын хынцгӕйӕ ӕххӕстӕй ӕхгӕд ӕрцыдысты 901 скъола ӕмӕ 15 сабидоны, афтӕ ма 39 скъола-интернаты", — загъта Попова.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, грипп ӕмӕ ОРВИ апарахат сты УФ-йы 52 субъектыл, уыимӕ иумӕ алы субъекты дӕр эпидемиологон къӕпхӕн 60%-ӕй фылдӕр нӕу.