Парламент радта старт Хуссар Иры ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийӕн

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕ снысан кодтой Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты датӕ, абонӕй йӕ куыст райдайыны фадат ис Централон ӕвзарӕн къамисӕн дӕр.

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент официалон ӕгъдауӕй фехъусын кодта радон президентон ӕвзӕрстытӕ ауадзыны датӕ, уыдон уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. Ацы скъуыддзаг райстӕуыд дыццӕджы депутатон корпусы рабадты.

Выборы президента Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Датӕ 9 апрель ӕмӕ президентон ӕвзӕрстыты ӕндӕр аспектты тыххӕй

Фарон, 9 декабры парламент райста барастгӕнинӕгтӕ президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл законмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ республикӕ ног президент ӕвзардзӕн, ныры президент фондз азы размӕ цы мӕйы равзӕрст ӕрцыд, уыцы мӕйы дыккаг хуыцаубоны. Ацы барастгӕнинӕгты райстимӕ бӕлвырд ӕрцыд ӕвзӕрстытӕ ауадзыны датӕ, фӕлӕ хъӕлӕсӕппӕрсты бон снысан кӕныны фӕдыл парламенты ӕнӕмӕнгӕй хъуыд райсын официалон уынаффӕ.

"Хуссар Ирыстоны парламент уынаффӕ кӕны президентон ӕвзӕрстыты бон снысан кӕнын 2017 азы 9 апрелмӕ", — загъта закондӕттынад, закондзинад ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады фӕдыл парламентон комитеты разамонӕг Коцты Олеся.

Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты ӕвзӕрстытӕ снысан кӕнын боны тыххӕй парламенты уынаффӕйыл. Абонӕй йӕ куыст райдайыны фадат ис Централон ӕвзарӕн къамисӕн дӕр.

Абоны бонмӕ президенты бынатмӕ сӕ кандидатурӕтӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй фехъусын кодтой республикӕйы архайгӕ президент Тыбылты Леонид, экс-президент Кокойты Эдуард, парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0