Хуссар Иры фӕзындзӕн фадат ӕртаджы гъӕд сгарынӕн

© Sputnik / Ада БагианЦена на бензин
Цена на бензин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лизензикӕнынады управлени, стандартизаци ӕмӕ метрологийы комитет, хъӕууон хӕдзарады управлени ӕмӕ геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты минӕвӕрттӕ радзырдтой дзыллон информацийы фӕрӕзтӕн бакӕнгӕ куысты фӕстиуджыты ӕмӕ азы нывӕзты тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны фӕзындзӕн фадат ӕртаджы гъӕд сгарынӕн, фехъусын кодта пресс-конференцийы рӕстӕджы стандартизаци ӕмӕ метрологийы комитеты сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Зауыр.

Лизензикӕнынады управлени, стандартизаци ӕмӕ метрологийы комитет, хъӕууон хӕдзарады управлени ӕмӕ геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕргълӕуджыты иумӕйаг пресс-конференци уагъд ӕрцыд ӕртыццӕджы Цхинвалы.

Ӕртагкӕнӕн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны фӕкъаддӕр уыдзӕн æртаджы аргъ

Цхуырбаты Зауыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, комитет нывӕнды материалон базӕ фӕхуыздӕр кӕнын, уый та ратдзӕн фадат хуыздӕр сгарын ӕртаджы гъӕд Хуссар Ирыстоны территорийыл. Ныртӕккӕ ӕрмӕджытӕ экспертизӕмӕ ӕрвыст цӕуынц Ставропольмӕ, уымӕн та бахъӕуы дыууӕ-ӕртӕ къуырийы.

Хъӕууон хӕдзарады управленийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Къӕбулты Иналы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕууон хӕдзарады системӕйы техникӕимӕ проблемӕтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, Хуссар Ирыстоны хъӕдтимӕ уавӕр фӕстаг ӕзты бӕрӕг фӕхуыздӕр.

"Ӕрмӕст фарон мах ныссагътам авд мины бӕрц алыгъуызон бӕлӕстӕ. Уыдон садзынӕн нын баххуыс кодтой хуссарирыстойнаг университеты студенттӕ. Процентон нымадмӕ гӕсгӕ, бӕлӕстӕн сӕ 65%-ы ӕрфидар сты", — банысан кодта Къӕбулты Инал.

Геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты разамонӕг Харебаты Алан фехъусын кодта журналисттӕн, ацы аз апрелы мыхуыры кӕй рацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны фыццаг Сырх чиныг, кӕцыйыл кусынц хуссарирыстойнаг дендролог Къӕбулты Зауыр ӕмӕ ӕрхонгӕ специалисттӕ Уӕрӕсейӕ.

Комитеты сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, кӕй фӕфылдӕр республикӕйы территорийыл (сӕйраджыдӕр Дзауы районы) минералон ӕмӕ суадоны дӕттӕ исыны фӕдыл лицензитӕ райсын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы нымӕц.

Ног хабӕртты лентӕ
0