Тыбылты Леонид: Хуссар Иры адӕм 1992 азы январы дунейӕн равдыстой иудзинады дӕнцӕг

© Sputnik / Ада Багиан7 лет признания Южной Осетии
7 лет признания Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон нысан кӕны референдумы 25 аз, цы ран хъӕлӕсгӕнджыты 99% схъӕлӕс кодтой республикӕйы хӕдбардзинадӕн УФ-мӕ баиуы перспективӕимӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Сӕ актуалондзинад нӕ сафынц 1992 азы 19 январы референдумы хатдзӕгтӕ, Хуссар Ирыстоны политикон курсы вектор та здӕхт у сӕ реализаци кӕнынмӕ, загъта президент Тыбылты Леонид хӕдбардзинады фӕдыл референдумыл 25 азы сӕххӕстӕн нывонд цытджын ӕмбырды рӕстӕджы.

День государственного флага Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир 26-ӕм хатт нысан кӕны Республикӕйы бон

1992 азы январы Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцыд референдум хӕдбардзинады ӕмӕ Уӕрӕсейы скондмӕ бацӕуыны фарсты фӕдыл.

Хъӕлӕсӕппӕрстмӕ рахастӕуыд дыууӕ фарсты: "Разы стут, цӕмӕй республикӕ суа хӕдбар?" ӕмӕ "Разы стут 1991 азы 1 сентябрӕй Республикӕ Хуссар Ирыстоны Уӕлдӕр Советы уынаффӕимӕ Уӕрӕсейы скодмӕ бацӕуынимӕ?". Уый фӕстиуӕгӕн, республикӕйы хӕдбардзинадыл УФ сконды бацӕуыны перспективӕимӕ сразы сты хъӕлӕсгӕнджыты 99%.

"Абон референдумы хатдзӕгтӕ нӕ сафынц сӕ актуалондзинад, уымӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны политикон курсы вектор та здӕхт у сӕ реализаци кӕнынмӕ. Хъӕлӕсгӕнджыты 99% схъӕлӕс кодтой республикӕйы хӕдбардзинадӕн УФ-мӕ баиуы перспективӕимӕ. Никӕмӕн ис бар адӕмы ацы фӕндон ивын. Мах нӕ истам историкон скъуыддзаг ӕмӕ нын нӕй бар йӕ аивын. Науӕд та йын ӕндӕр нысаниуӕг дӕттын цавӕрдӕр амбициты тыххӕй", — загъта президент.

Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, 1992 азы референдум уагъд кӕй цыд Цхинвал ӕмӕ ӕввахс хъӕуыты ӕнӕрлӕугӕ ӕхстыты бын, карз политикон, ӕфсӕддон, транспортон-энергетикон, финансон-экономикон ӕмӕ информацион блокадӕйы уавӕрты.

Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ном раивыны фæдыл референдум æрæмных кæндзысты æвзæрстытæм

Тыбылты Леонид банысан кодта, ацы политикон цауы Уӕлдӕр Советы уӕды сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Цоциты Аланы ахсджиаг роль, кӕцы бындур ӕрӕвӕрдта Хуссар Ирыстоны референдум ауадзыны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинадӕн. Президент бахахх кодта, Цоциты Аланы фидар ныхасы фӕрцы1991 азы 13 декабры Уӕлдӕр Советы депутаттӕ кӕй райстой историкон скъуыддзаг референдум снысан кӕныны ӕмӕ ЦӔК-ы сконд сфидар кӕныны тыххӕй, кӕцыйы сӕргъ ӕрлӕууыд Дзиццойты Юрий.

"ЦӔК-ы уӕнгтӕ бакодтой экстремалон уавӕрты стыр куыст, барадон цӕстӕнгасӕй иттӕг хорз сорганизаци кодтой референдум, кӕцы ссис фыццаг къахдзӕф Хуссар Ирыстоны паддзахадзинад саразыны хъуыддаджы. Сӕ куыстӕн саргъгӕнӕн ис куыд ӕмбӕстагон хъӕбатырдзинад. Ӕппӕт ацы ӕзты мах арӕзтам нӕ паддзахадзинад, 1992 азы 19 январы сбӕлвырдгонд курсмӕ гӕсгӕ", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Уый раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн ацы бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ равдыста ныфс, иумӕйаг тыхтӕй ӕмӕ иугондӕй адӕмы къухты кӕй бафтдзӕн республикӕйы райрӕзт ӕмӕ дидинӕфтыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0