Цкъайы фырты хъуыддаг алӕвӕрдтой тӕрхондонмӕ

© Sputnik / Дзерасса БиазартиРодственники полицейских, задержанных по делу Цкаева у здания суда
Родственники полицейских, задержанных по делу Цкаева у здания суда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цкъайы фырты хъуыддаджы фӕдыл ныридӕгӕн ахст сты Дзӕуджыхъӕуы полицийы уголовон агуырды хайады сӕргълӕууӕг ӕмӕ фараст кусӕджы.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуккаг полицийы минӕварӕн стӕрхон кӕндзысты кусӕгон барты сӕрты ахизыны ӕмӕ тӕссаг уавӕры ныууагъды хъуыддӕгты фӕдыл, кӕцытӕ ӕркодтой 39-аздзыд Цкъаты Владимиры амӕлӕтмӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны СК слестгӕнӕн управлени.

Сотрудник правоохранительных органов у здания Главного следственного управления Следственного комитета РФ по Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Цкъайы фырты хъуыддаджы" фӕдыл полицӕйагтӕн бавдыстой ӕлхынцъон дау

Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 2015 азы 31 октябры 13:47 сахатыл Дзæуджыхъæуы полицийы хайадтæй иумæ бакодтой 39-аздзыд Цкъаты Владимиры, цыран йемæ куыстой фæдагурæн хайады оперативон кусджытæ. 1 ноябры æхсæвы нæлгоймаг уадзыгæй бахаудта Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ ӕмӕ амард реанимацион хайады.

Ведомствӕйы информацимӕ гӕсгӕ, фӕдагуырды рӕстӕджы аххосджынтӕй дыууӕйӕ сарӕзтой тӕрхонагъоммӕ бадзырд ӕмӕ активонӕй ахъаз кодтой ацы фыдракӕнд раргом кӕнынӕн.

Фӕдагуырд ӕрӕмбырд кодта ӕмбӕлон нымӕц ӕвдисӕндартӕ, цӕй фӕстиуӕгӕн ӕрмӕджытӕ зылынгӕнӕн хатдзӕгимӕ лӕвӕрд ӕрцыд тӕрхондонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0