Цӕгат Иры фыццагадӕй цхинвайлаг боксертӕ ӕрхастой аст сыгъзӕрины

© Sputnik / Плиты ФатимаБоксы турнир Цхинвалы
Боксы турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Призон бынӕттӕй дарддӕр ма ӕрыгон боксертӕ Цӕгат Ирыстоны фыццагады уыдон рамбылдтой стырдæр уæлахизты фадӕттӕ - ӕрыгон боксертæ ныр та сӕ æрмкъухтæ цæттæ кæныц ЦКФЗ-йы ерыстæм.

ЦХИНВАЛ, 20 янв — Sputnik. Хуссарирыстойнаг аст боксеры ссисты Цæгат Ирыстоны чемпионаты уæлахиздзаутæ, къорд спортсмены та бацахстой дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ, фехъусын кодта Sputnik РХИ фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты минӕвар Бестауты Чермен.

Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Бокс – Тедеты бинонты иумӕйаг професси

Цæгат Ирыстоны фыццагады призтыл нæлгоймæгты хсæн тох цыд 230 спортсмены хсæн, уыдонӕй хуссарирыстойнаг боксертӕ уыд 30-ӕй фылдæр.

"Хицæн уæзы категориты уæлахиздзаутæ ссисты Уалыты Зауыр, Хуыбылты Константин, Бестауты Ацæмæз, Коцты Георгий, Бекъойты Азæмæт, Ӕлборты Сослан, Кокойты Хетæг æмæ Аль-дамари Алан. Уæлахидзаутæ бацыдысты боксæй Цæгат Ирыстоны æмбырдгонды скондмæ æмæ дарддæр архайдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты", — радзырдта уый Бестауты Чермен.

Уымæй дарддæр ма, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыккаг бынæттæ чи бацахста уыдонæн дæр хыгъдон спаррингты фæстиуджытæм гæсгæ фадат уыдзæн бахауын æмбырдгондмæ.

Спорткомитеты минӕвар ма бафиппайдта, иумæйагæй сисгæйæ цхинвайлаг боксертæ ерысты сӕхи кӕй равдыстой иттӕг хорз. Призон бынӕттӕй дарддӕр ма Цӕгат Ирыстоны фыццагады уыдон рамбылдтой стырдæр уæлахизты фадӕттӕ — ӕрыгон боксертæ ныр та сӕ æрмкъухтæ цæттæ кæныц ЦКФЗ-йы ерыстæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0