Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты цырт Задалескы Нанайæн

© Sputnik / Лана ПарастаеваЗадалескаг Нана
Задалескаг Нана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыртæн равзæрстой бынат Куйбышевы æмæ Тамайы-фырты номыл уынгты тигъыл. Ныридæгæн Цæгат Ирыстоны расидтысты Задалескы Нанайæн цыртдзæвæны проектты конкурс.

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты цырт фыдæлты таурæгъмæ гæсгæ аланты мыггаг сыскъуынын чи нæ бауагъта, уыцы сылгоймаг-ирвæзынгæнæг Задалескы Нанайæн, хъусын кæны ПТРК "Алания".

памятник защитникам отечества в с.Ленингор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ленингоры районы фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн сæвæрдтой цырт

Задалескы Нанайæн цырт сæвæрдзысты Дзæуджыхъæуы Куйбышевы æмæ Тамайы-фырты номыл уынгты тигъыл. Цæгат Ирыстоны расидтысты Задалескы Нанайæн цыртдзæвæны проектты конкурс.

"Конкурсы архайынц 30 скульпторы Цæгат Ирыстонæй, Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй, Ростовæй æмæ Ставрополæй. Скульптортæй алчидæр бацæттæ кодта цалдæр проекты. Йæ номыл цыртдзæвæны проектты конкурс цæудзæн мæй, æрбацæуын æмæ йæ хъуыдытæ зæгъын у алкæйы бон дæр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Задалескы Нанайы ном хъуыстгонд у Ирыстоны. 14-æм æнусы Тимур куы ныббырста, уæд тæссаг уыд, аланты мыггаг куы фесæфа, уымæй. Æмæ цæмæй уыцы сау хъуыддаг ма æрцæуа, уый тыххæй сылгоймаг æрзылд аланты бæстыл, сæмбырд кодта сидзæр сывæллæтты, акодта сæ дард ранмæ æмæ æрцард Задалескы цур лæгæты. Афтæмæй сæ схъомыл кодта. Задалескы Нанайы ном та сомыгæнæн сси. Сылгоймæгтæ йæм фæкувынц æмæ дзы курынц сæ бинонты бахъахъхъæнын, кæстæртæм цæст дарын, цот раттын.

Ног хабӕртты лентӕ
0