Алайнаг епархи сараздзæн дыууæ аргъуан Дзауы районы

© Sputnik / Джульетта КозатыКъуаисайы ӕрдӕгарӕзт аргъуан
Къуаисайы ӕрдӕгарӕзт аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чырыстон артдзæстытæ фæзындзæн поселок Дзау æмæ горæт Къуаисайы.

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Цхинвайлаг Алайнаг епархи фæнд кæны Дзауы районы дыууæ аргъуан саразын. Рæстдинон артдзæстытæ фæзындзæн поселок Дзау æмæ горæт Къуаисайы, фехъусын кодта журналисттæн динамонæг, фыд Иаков (Хетæгкаты).

Чырыстон балц Дзауы районмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алайнаг епархийы минӕвӕрттӕ чырыстон балцы ӕрзылдысты Дзауы районы сыгъдӕг бынӕттыл

Уæлахизхæссæг сыгъдæг Джиуæрджийы номыл аргъуаны арæзтад горæт Къуаисайы райдыдта Къуыдаргомæй рацæугæ амалиуæггæнæг Джуссойты Альберт. Ӕрдæгарæзт аргъуаны бæстыхай цалдæр азы лæууы æнæркастæй æмæ райдыдта пырх кæнын. Дзауы поселокы кувæндоны арæзтад та фæстиад кæны зæххы фадыг.

"Цалдæр азы дæргъы лæууы æрдæгарæзтæй æмæ кæлын райдыдта. Горæты разамынадимæ мын уыд фембæлд, цы ран æруынаффæ кодтам арæзтадон куыстытæ балхынцъ кæныны фæдыл. Куайсайы хицау Гæззаты Роберт йæхæдæг хъæппæрис равдыста ацы арæзтад баххæст кæныны фæдыл", — радзырдта динамонæг.

Фыд Иаков ма банысан кодта, поселок Дзауы чысыл аргъуан самайыны фæнд та фæстиат кæны æрмæстдæр бынат.

"Ирыстоны бæрзонд бынæттæ кувæндæттæй сты йедзаг, уымæ гæсгæ аргъуан арæзт хъуамæ æрцæуа центры, цæмæй рæстдинон бæрæгбонты рæстæджы уырдæм æмбырд кæной. Центры аргъуанæн зæххы фадыг рахицæн кæнын нырма нæ бантыст æмæ уый фæстиат кæны хъуыддаг", — бафтыдта йæ ныхæстæм уый.

Къуаисайы æмæ поселок Дзауы аргъуантæ арæзт цæудзысты Алайнаг епархи, хицауад æмæ меценатты хæрзаудæн фæрæзтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0