Тыбылты Леониды раразмӕ кӕныны фӕдыл инициативон къорд бахаста куырдиат ЦӔК-мӕ

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæГлава Южной Осетии Леонид Тибилов
Глава Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президентон кампани Хуссар Ирыстоны райдыдта 17 январы, ЦӔК-мӕ ныридӕгӕн бахастой куырдиӕттӕ президенты бынатмӕ дыууӕ потенциалон кандидатты минӕвары

ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Архайгӕ президент Тыбылты Леониды президенты бынатмӕ кандидатӕй раразмӕ кӕныны фӕдыл инициативон къорд январы кӕрон ауаддзӕн ӕмбырд, фехъусын кодтой Sputnik ЦӔК-ы.

Председатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Белла: кандидатты минӕвӕрттӕ райдыдтой куырдиӕттӕ хӕссын ЦӔК-мӕ

Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ нысан ӕрцыдысты 9 апрелмӕ. Раздӕр, парти "Иугонд Ирыстоны" фехъусын кодта Централон ӕвзарӕн къамисмӕ, 25 январы кӕй нывӕнды ӕмбырд ауадзын, уый тыххӕй.

"Центрӕххӕсткоммӕ ӕрбацыд хъусынгӕнинаг, 31 январы Тыбылты Леониды президенты бынатмӕ кандидатӕй раразмӕ кӕныны фӕдыл интициативон къорд кӕй ауаддзӕн ӕмбырд", — загътой ЦӔК-ы.

Къамисы минӕвар ма бафтыдта, ӕмбырды архайджыты нымӕц 100-йӕ къаддӕр кӕй хъуамӕ ма уа.

Тыбылты Леонид фӕуӕлахиз президентон ӕвзӕрстыты 2012 азы. Ивгъуыд азы кӕрон уый фехъусын кодта, йӕ кандидатурӕ кӕй раразмӕ кӕндзӕн дыккаг президентон ӕмгъуыдмӕ.

Раздӕр сӕ президентон амбициты тыххӕй фехъусын кодтой парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕмӕ экс-президент Кокойты Эдуард.

Ног хабӕртты лентӕ
0