ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Парти "Иугонд Ирыстоны" фехъусын кодта Централон ӕвзарӕн къамисмӕ, кӕй нывӕнды ауадзын съезд президенты бынатмӕ йӕ кандидаты раразмӕ кӕныны тыххӕй, фехъусын кодта журналисттӕн ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг Плиты Белла.
Централон ӕвзарӕн къамис цыппӕрӕмы райдыдта йӕ куыст, Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ 2017 азы 9 апрельмӕ снысан кӕныны тыххӕй уынаффӕ мыхуыры куы рацыд, уый фӕстӕ.
"Парти "Иугонд Ирыстоны" минӕвӕрттӕ, законмӕ гӕсгӕ, съездӕй фондз боны раздӕр фехъусын кодтой йӕ ауадзыны датӕйы тыххӕй. Съезд уагъд ӕрцӕудзӕн 25 январы", — загъта Плиты Белла.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Центрӕххӕсткомы куыст райдайӕнимӕ партитӕ ӕмӕ инициативон къордтӕн иууылдӕр сӕ бон уыдзӕн ЦӔК-мӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документты пакеттӕ бавдисын.
ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг нӕ радта бӕстон комментарий, парламент паддзахадон бюджет кӕй не ′сфидар кодта, уый фӕдыл, кӕцыйӕ хъӕуамӕ рахицӕн ӕрцыдаид фӕрӕзтӕ ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийӕн.
"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бюджет фидаргонд кӕй не ′рцыд, уый у ӕнӕзӕрдӕмӕдзӕугӕ хъуыддаг, фӕлӕ ӕз нӕ зонын сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ мӕ бон ницы у комментари кӕнын", — банысан кодта Плиты Белла.
Уый аздӕхта дзыллон информацийы фӕрӕзты хъусдард уымӕ ӕмӕ ӕвзӕрстон барты бындурон гарантитӕ ӕмӕ референдумы хайад исыны барты фӕдыл законмӕ гӕсгӕ, ЦӔК йӕ куыст райдайӕнӕй 10 боны ӕмгъуыдмӕ кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа ифтонг финансон фӕрӕзтӕй.
Кӕд ӕмӕ уый афтӕ нӕ уа, уӕд ЦӔК-ӕн ис фадат райсын кредит банчы ӕмӕ банк хӕсджын у кредитӕй сифтонг кӕнын. Уыимӕ иумӕ финанскӕнынады суммӕ хъуамӕ ма уа фылдӕр, амӕй размӕ ӕвзӕрстытӕ ауадзынӕн цы ӕхца рахицӕнгонд ӕрцыд, уымӕй.
Плиты Белла ма банысан кодта, нырма дӕр скъуыддзаг кӕй не рцыдысты президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл бирӕ организацион фарстытӕ, уымӕн ӕмӕ ЦӔК нырма абон райдыдта йӕ куыст.
"Ӕвзарӕн фадгуыты, бюллетенты ӕмӕ ЦӔК-ы цур цы лингвистон къамис кусдзӕн — ӕппӕт ацы фарстытӕ бӕлвырд ӕрцӕудзысты Централон ӕвзарӕн къамисы рабадты рӕстӕджы", — загъта уый ӕмӕ бафтыдта, алы хуссарирыстойнаг ӕмбӕстагӕн дӕр (кӕм фӕнды ма цӕра), кӕй ис хъӕлӕсы бар.
"Биноныгдзинады ценз"-ыл дзургӕйӕ, Плиты Белла банысан кодта, ацы фарсты фӕдыл ЦӔК кӕй архайдзӕн "карзӕй законмӕ гӕсгӕ".
Хуссар Ирыстоны парламент фарон декабры райста барастгӕнинӕгтӕ президентон ӕвзӕрстыты фӕдыл законмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ республикӕ ног президент ӕвзардзӕн, ныры президент фондз азы размӕ цы мӕйы равзӕрст ӕрцыд, уыцы мӕйы дыккаг хуыцаубоны.
Уыцы аз ма Хуссар Ирыстоны парламент райста президентон ӕвзӕрстыты законмӕ барастгӕнинӕгтӕ, кӕцытӕ хуыздӕр ӕмбарын кӕнынц президенттӕм кандидатты "биноныгдзинады ценз". Уыдонмæ гæсгæ æмбæстаг азы мидæг 93 бонæй фылдæр ма хъуамæ уа республикæйæн æдде æнæ айсинаг æфсонæй.
Айсинаг æфсæнттыл нымад сты командировкæ, ахуыр æмæ хоскæнынад. Æмбæлон бæрæггæххæттытæ та хъуамæ дæттой æрмæстдæр паддзахадон органтæ.