"Иугонд Ирыстон" ӕмӕ "Альтернативӕ Европӕйӕн" бадзырдтой ӕмгуыстадыл

© Парламент РЮОАнатолий Бибилов и Джульетто Кьеза
Анатолий Бибилов и Джульетто Кьеза - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Альтернативӕ Европӕйӕн" у дыккаг италиаг парти, кӕцыимӕ "Иугонд Ирыстонӕн" бантыст бадзырд саразын.

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik. Хуссарирыстойнаг политикон парти "Иугонд Ирыстон" ӕмӕ италиаг "Альтернитивӕ Европӕйӕн" бафыстой бадзырд ӕмгуыстады фӕдыл, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службӕйы.

Партиты лидертӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Джульетто Кьеза бадзырдтой ӕхсӕнпартион ӕмархайдыл, кӕцы здӕхт у дыууӕ паддзахады ӕхсӕн ахастытӕ фӕфидардӕр кӕнынмӕ.

Джульетто Кьеза - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джульетто Кьеза суыдзӕн Хуссар Иры минӕвар Европарламенты

"Политиктӕ бахахх кодтой бантысгӕ бадзырдты ахсджиагдзинад Хуссар Ирыстоны интерестӕ ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл размӕ кӕнынӕн ӕмӕ равдыстой цӕттӕдзинад иумӕйаг нысӕнтты тыххӕй эффективон ӕмгуыстад срӕвдз кӕнынмӕ", — загътой пресс-службӕйы.

Дыууӕ партиты лидертӕ ма бадзырдтой уадзын регулярон консультацитӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ йӕ алыварс уавӕрыл актуалон фарстытыл информаци дих кӕнын.

"Бадзырд ма рагхыгъд кӕны экспертон фембӕлдты, конференциты ӕмӕ тымбыл фынгты ауагъд, цы ран исдзысты хайад специалисттӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ ӕхӕнадӕмон ахастыты иууыл актуалон фарстыты фӕдыл", — загътой парламенты.

Бафыстгонд документы пункттӕй иу у ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзадыл контакттӕ сфидар кӕныны размӕцыдмӕ хайбавӕрд хӕссын. Фарон октябры ма парти "Иугонд Ирыстон" сфидар кодта ӕмгуыстад ноджы иу италиаг парламентон парти "Лига Севера"-имӕ (Lega Nord).

"Лига Севера" у оппозицион парламентон парти, кӕцы у хицӕн паддзахад Падания саразыны ӕвварс. Партийӕн ис бирӕ фарсхӕцджытӕ Италийы ӕмӕ йын ис уӕрӕх минӕварад Европарламенты.

Афтӕ ма партийы лидер Маттео Сальвини раразмӕ кодта хъуыды, цӕмӕй Италийы парламент ӕркӕса Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайыны фарстмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0