"Иугонд Ирыстоны" съезд снысан кодта Бибылты Анатолийы президенттӕм кандидатӕй

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæПредседатель партии "Единая Осетия" Анатолий Бибилов
Председатель партии Единая Осетия Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парти "Иугонд Ирыстон" ауагъта ӕвзӕрстагъоммӕ съезд ӕмӕ раразмӕ кодта йӕхи кандидаты Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ.

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Бибылты Анатолийы раразмӕ кодтой президенттӕм кандидатӕй парти "Иугонд Ирыстоны" съезды рӕстӕджы. Раздӕр Бибылты Анатолий йӕхӕдӕг фехъусын кодта, кӕй нывӕнды йӕ кандидатурӕ раразмӕ кӕнын республикӕйы президенты бынатмӕ, кӕцытӕ Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзысты 2017 азы 9 апрелы. Съезды боны фӕткы ацы фарст ссис бындурон.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент радта старт Хуссар Иры ӕвзӕрстагъоммӕ кампанийӕн

Фарст ӕвӕрд ӕрцыд сусӕг хъӕлӕсӕппӕрстмӕ, цы ран райстой хайад 300 делегаты. Хъӕлӕсӕппӕрстӕн организаци ӕрцыдысты кабинӕтӕ ӕмӕ урнӕтӕ.

Партийы фӕндзӕм съезд уагъд цыд киноконцертон зал "Чермен"-ы бӕстыхайы, ардӕм партийы уӕнгтӕ ӕмӕ делегаттӕй дарддӕр ӕрбацыдысты уазджытӕ ДАР, ЛАР ӕмӕ цӕгатирыстойнаг парламенты депутаттӕ.

Йӕ раныхасы Бибылты Анатолий йӕхӕдӕг банысан кодта, раздӕрау кӕй хъавы йӕ партион программӕйы пункттӕ комкоммӕ ӕххӕст кӕнын, "кӕд ӕмӕ уыцы хъуыддаджы бирӕ цӕлхдуртыл сӕмбӕлы, уӕддӕр".

"Дыууӕ Ирыстоны ӕрбаиу, ӕнӕдызӕрдыгӕй, хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй ӕрцӕуа. Мах хъӕуы аразын фидар Ирыстон, цы ран ӕнцонвадат уаид цӕрын ӕрмӕст равзаргӕ адӕмӕн нӕ (ныртӕккӕ куыд у), фӕлӕ алы ӕмбӕстагӕн дӕр. Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы дыууӕ мӕйы вазыгджын ӕвзӕрстагъоммӕ ныхмӕлӕуд ӕмӕ махӕн иууыл ахсджиагдӕр у, цӕмӕй ӕххӕст цӕуой законы домӕнтӕ иууылдӕр. Фидарӕй мӕ бон у зӕгъын, мӕ ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст кӕндзынӕн", — загъта Бибылты Анатолий йӕ раныхасы.

"Иугонд Ирыстоны" съездмӕ ӕрӕмбырд 700 адӕймагмӕ ӕввахс.

Ног хабӕртты лентӕ
0