Битарты Вячеслав: Цӕгат Иры байгом уыдзысты ног скъола ӕмӕ цыппар сабидоны

© Sputnik / Александр Астафьев /  Ахизын медиабанкмæГлава Республики Северная Осетия - Алания Вячеслав Битаров
Глава Республики Северная Осетия - Алания Вячеслав Битаров - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны скъолатӕн сӕ фылдӕр базӕронд сты, сабидӕтты нӕ фаг кӕны бынӕттӕ, Битарты Вячеслав радзырдта программӕтыл, кӕцытӕ ратдзысты фадат уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн.

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Болататы Алина. Цат Ирыстоны ӕртӕ районы 2017 азы фӕзындзӕн цыппар сабидоны, Сырх-Дыгуры хъӕуы та федералон программӕмӕ гӕсгӕ сараздзысты ног скъола. Уый тыххӕй йӕ ныстуаны фехъусын кодта Битарты Вячеслав.

Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав цыппӕрӕмы ралӕууыд йӕ фыццаг Раныхасимӕ — республикӕйы парламенты депутаттӕм ныстуанимӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2016 азы Ӕрыдоны ӕмӕ Мӕздӕджы районты баконд ӕрцыд 210 уӕлӕмхас скъолаагъоммӕ бынаты. Абоны онг сӕ радмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц нырма 8 мин сывӕллоны, уыдонӕй 2 минмӕ ӕввахс сты 3-7 азы кары сывӕллӕттӕ.

"Фӕстиуӕг суыдзӕн цыппар сабидоны арӕзтад республикӕйы ӕртӕ районы. Уый ратдзӕн фадат уӕлӕмхасӕй саразын 480 скъолаагъоммӕ бынаты", — загъта уый.

Уыймӕй дарддӕр ма эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн 120 бынатӕн нымад сабидон Эльхоты хъӕуы. Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нывӕзтмӕ гӕсгӕ уагдон хъуамӕ скуыстаид фарон, фӕлӕ нардуатисӕг фехӕлдта объект эксплуатацимӕ раттыны ӕмгъуыд. Ныр арӕзтад ис районы къухдариуӕгады контролы бын, цӕмӕй ног азы ног сабидоны къӕсӕрӕй бахизой Эльхоты хъӕуы чысыл цӕрджытӕ.

Задалескаг Нана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты цырт Задалескы Нанайæн

"Цымыдис мӕ кӕнынц дыууӕ фарсты: куыстытӕ фӕуыны график ӕмӕ сӕ сӕххӕсты гъӕд. Ӕмӕ мӕ фӕнды бафӕдзӕхсын, амӕй фӕстӕмӕ республикӕйы ма хъуамӕ уа ахӕм проблемон объекттӕ", — банысан кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

Уый бафӕдзӕхста, скъолаты иу сменӕйы ахуыр нырма дӕр кӕй у актуалон — республикӕйы скъолаты 6% нырма дӕр ахуыр кӕнынц дыууӕ сменӕйӕ.

Уымӕй дарддӕр ма аскъуыддзаг кӕндзысты ахуырадон процессы ӕдасдзинад ӕмӕ ӕнцонвадаты фарстытӕ.

"Республикӕйы скъолатӕн сӕ фылдӕр хай сты ӕфхӕрд ӕмӕ дзуапп нӕ дӕттынц нырыккон домӕнтӕн. 150 бӕстыхайӕ фылдӕр сты хъыгдард 50%-ы бӕрц. Уавӕр фӕхуыздӕр кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр ног скъолаты арӕзтад ӕмӕ архайгӕ скъолаты реконструкци. Ацы аз федералон программӕмӕ гӕсгӕ арӕзт ӕрцӕудзӕн ног скъола Сырх-Дыгуры. Афтӕ ма ӕрӕвналдзыстӕм Дзӕуджыхъӕуы 27-ӕм ӕмӕ Хъӕдгӕроны хъӕуы скъолаты реконструкцимӕ", — загъта РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг.

Мадзалмӕ ма парламентаритӕй дарддӕр хуынд ӕрцыдысты УФ Паддзахадон Думӕйы депутаттӕ, хицауады уӕнгтӕ, журналисттӕ ӕмӕ республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0