Тыбылты Леонид бахӕс кодта ЦӔК-ӕн лингвистон къамис саразын

© Sputnik / Алексей Ковалевздание правительства
здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лингвистон къамис бӕлвырд кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидатты паддзахадон ӕвзӕгты зонындзинӕдты бӕрц.

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид бахӕс кодта ЦӔК-ӕн лингвистон къамисы уагӕвӕрд сфидар кӕнын ӕмӕ йын йе сконд сбӕлвырд кӕнын.

Президент Южной Осетии Леонид Тибилов и спикер парламента РЮО Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент ӕмӕ спикерӕн ис ӕмхуызон шанстӕ уӕлахизӕн, равдыста ӕрфарст

Ӕмбӕлон указ Тыбылты Леонид бафыста 23 январы, фехъусын кодтой президенты администрацийы.

"Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидаттӕн сӕ мадӕлон ӕвзаджы зонындзинӕдты фӕдыл закон хынцгӕйӕ уынаффӕ кӕнын, цӕмӕй ЦӔК-ы цур арӕзт ӕрцӕуа лингвистон къамис, кӕцы бӕрӕг кӕндзӕн, иу кӕнӕ аннӕ кандидат йӕ мадӕлон ӕвзаг цас зоны, уый", — дзырдӕуы указы.

Йӕ сӕххӕст кӕнынӕн Централон ӕвзарӕн къамисӕн лӕвӕрд ӕрцыд рӕстӕг 30 январы онг.

Фыццаг хатт лингвистон къамис ЦӔК-ы цур арӕзт ӕрцыд, 2012 азы президентон ӕвзӕрстыты агъоммӕ. Уӕд къамисы скондмӕ бацыдысты ӕхсӕз адӕймаджы, ӕртӕ специалист уырыссаг ӕвзагӕй, иннӕ ӕртӕ та — ирон ӕвзагӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0