Ирыстонӕй дард: Мамсыраты Ирмæйы туркаг ӕрхӕндӕгдзинад

© Из личного архива И. МамсыратыИрма Мамсыраты, председатель Международного союза Алан
Ирма Мамсыраты, председатель Международного союза Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мамсыраты–Темурленк Ирмӕйы бинонты ӕртыккаг фӕлтӕр цӕры Турчы, уыдон уыдысты, райгуырӕн бӕстӕ политикон аххосӕгтӕм гӕсгӕ чи ныууагъта ӕмӕ Ирыстонӕн дард йӕ цард чи райдыдта аразын, уыцы ирӕтты ӕхсӕн.

Гӕджиты Аидӕ

Мамсыраты-Темурленк Ирмӕ кӕд райгуырд ӕмӕ схъомыл Турчы, горӕт Анкарайы, уӕддӕр иттӕг хорз зоны ирон ӕвзаг ӕмӕ стыр цымыдисимӕ ахуыр кӕны Ирыстон ӕмӕ йӕ адӕмимӕ баст ӕрмӕджытӕ. Фыдыбӕстӕйӕ иппӕрд туркаг ирӕттӕн бантыст бахъахъхъӕнын сӕ иумæйагдзинад ӕмӕ сын ис тынг ризгӕ ахаст сӕ культурӕмӕ.

"Мӕ фыд мӕ хуымӕтӕгӕй не схуыдта Ирмӕ, мӕ номӕн ницы ис иумӕйагӕй "Ирма" номимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ номы кӕрон ис "ӕ" дамгъӕ, ирон ӕвзагыл та уый нысан кӕны "Ирмӕ", ома Фыдыбӕстӕмӕ. Афтӕ тынг уыд йӕ ӕрхӕндӕгдзинад Райгуырӕн бӕстӕйыл!" — дзуры чызг.

Турчы Ирмӕ каст фӕцис TED Ankara College ӕмӕ Gazi University Fine Arts. Сфӕлдыстадон гоймаг кӕй у, уый тыххӕй йӕ зӕрдӕмӕ цӕуы аивады фӕрцы йӕхи ӕвдисын. 2004 азы уый бафӕлвӕрдта йӕхи дизайнерӕй, бренд MAMSIRATI IRMÆ саразгӕйӕ, бакодта бутик Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ ӕгӕрыстӕмӕй уыцы рӕстӕг ӕрцард Дзӕуджыхъӕуы.

Ирма Мамсыраты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мамсыраты Ирма: Турчы фӕзындзӕн ирон ӕвзаджы клубы филиал

"Уӕд бамбӕрстон, Ирыстоны сылгоймӕгтӕн зынвадат кӕй у амалиуӕгад дарын, уымӕн ӕмӕ сылгоймӕгты ацы фӕдыздӕхты ничи ӕмбары. Бамбӕрстон, кӕй хъӕуы фенгомдӕр кӕнын бастдзинад ирон диаспорӕйы минӕвӕрттимӕ Турчы. Уӕд сфӕнд кодтон Аланты ӕхсӕнадӕмон цӕдис саразын — ӕмӕ Анкарамӕ ныздӕхгӕйӕ мӕ тыхтӕ раттон уыцы хъуыддагмӕ", — дзуры Ирмӕ.

Дыууӕ азы мидӕг ма Ирмӕ куыста егъау компанийы, кӕцы организаци кодта ӕхсӕнадӕмон мадзӕлттӕ.

"Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд мӕ куыст AFANYA Event Management, мах уыдыстӕм ISTANBUL INTERNATIONAL INVENTIONS FAIR — ISIF'16 организатортӕ. Ӕрвылбондӕр ӕз хӕст кодтон ногдзинӕдтыл мадзӕлттӕ организаци кӕныны хъуыддаджы, сфидар кодтон контакттӕ ӕмӕ ныр уыцы фӕлтӕрддзинадӕй мӕн фӕнды спайда кӕнын Аланты ӕхсӕнадӕмон цӕдисы къухдариуӕггӕнӕджы бынаты, мӕн фӕнды пайда хӕссын мӕ адӕмӕн", — дзуры Ирмӕ.

© FacebookМамсыраты–Темурленк Ирмӕ
Ирма Мамсыраты, председатель Международного союза Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мамсыраты–Темурленк Ирмӕ

Аланты ӕхсӕнадӕмон цӕдисы къухдариуӕггӕнӕгӕй дарддӕр ма Ирмӕ у ӕрыгон нывгӕнӕг, Анкарайы йын ис артстуди MIO, ӕрыгон сылгоймаджы зӕрдӕмӕ цӕуынц абстракционизм ӕмӕ экспрессионизм.

"Ис гӕнӕн ӕмӕ ацы аз нӕ номдзыд нывгӕнджыты ӕмрӕнхъ мӕ куыстытӕн уа равдыст Европӕйы, Ирон культурӕйы бонты фӕлгӕтты", — дзуры йӕ нывӕзтты тыххӕй Ирмӕ.

Ирмӕмӕ кӕдфӕндыдӕр ис бирӕ проекттӕ ӕмӕ хъӕппӕристӕ, йемӕ ныхасгӕнгӕйӕ зын бамбарӕн у, цы ран фӕуд кӕны куыст ӕмӕ кӕд райдайы Ирмӕйы хисӕрмагонд цард, уымӕ гӕсгӕ цымыдис ӕвзӕрын кӕны, Ирмӕ сӕрибар рӕстӕг куыд ӕрвиты, уыцы фарст дӕр.

"Кусын 10 сахаты бӕрц суткӕйы, улӕфтӕн рахицӕн кӕнын къуыри иу бон. Уӕд фӕфӕрсын уацтӕ социалон психологийы темӕйыл, кӕсын историкон документалон киномӕ, уарзын тезгъо кӕнын ӕмӕ хъазын мӕ куыдз Лунаимӕ. Уарзын ма мотоциклыл тезгъо кӕнын", — дзуры Ирмӕ.

© Из личного архива И. МамсыратыМамсыраты–Темурленк Ирмӕ йӕ куыдз Лунаимӕ
Ирма со своей собакой Луной - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мамсыраты–Темурленк Ирмӕ йӕ куыдз Лунаимӕ

Уый куыд активон цардуагон позициимӕ адӕймаг, рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ йӕ разы ӕвӕры ног нысӕнттӕ, ныртӕккӕ уымӕн сӕйрагдӕр у ирон истори, культурӕ, ӕвзаг парахат кӕнын дунейы ӕмӕ ирон лоббийы сырӕзт, цӕмӕй ирӕттӕ дунейы цыфӕнды бӕстӕйы дӕр ӕнкъарой се ′мзӕххонты тых.

Сылгоймагӕн царды сӕйрагдӕр сты бинонтӕ, фӕлӕ ӕнӕ куыстӕй дӕр уымӕн йӕ бон нӕу.

"Хӕдзар уым ис, цы ран улӕфынц магъз ӕмӕ зӕрдӕ, карьерӕ та у тохы быдыр, дыууӕ къабазы дӕр сты ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг нӕ цардӕн, цӕмӕй нӕ удтӕ исой цардуагон тыхтӕ", — дзуры Мамсыраты Ирмӕ.

Тагъд рӕстӕджы Мамсыраты Ирмӕйы истори проект "Ирыстонӕй дард"-ы фӕлгӕтты кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн — ныртӕккӕ ӕрыгон сылгоймаджы нывӕзтыты ис историкон фыдыбӕстӕмӕ ӕрӕздӕхын ӕмӕ бинонтӕ саразын, афтӕ ма йӕм ис цалдӕр егъау проекты, кӕцыты тыххӕй нын радзурдзӕн чысыл фӕстӕдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0