ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы ацӕугӕ азы куынӕг ӕрцыдысты 140 террористы, уыдон нымӕцы 24 сӕргълӕууӕджы, афтӕ ма 900 террористы ӕмӕ сӕ ӕмархайджытӕ ӕрцыдысты ахст, загъта дыццӕджы брифингы рӕстӕджы Националон антитеррористон комитеты аппараты сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Игорь Кулягин.
"Куынӕг ӕрцыдысты 140 террористы, уыдон нымӕцы 24 сӕргълӕууӕджы. 900 террористы ӕмӕ сӕ ӕмархайджытӕ та ӕрцыдысты ахст", — хъусын кӕны Кулягины ныхӕстӕ РИА Новости.
Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, сӕрмагондӕй, куынӕг кӕй ӕрцыд афтӕ хуыйнӕг "Вилаят Кавказ"-ы сӕргълӕууӕг Рустам Асельдеров (куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй операци уагъд ӕрцыд декабры кӕрон Махачкалайы).
Иу азы мидӕг террористтӕй байст ӕрцыд 199 хиаразгӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ, 800 иуӕгӕй фылдӕр хӕцӕнгарз.