ЦӔК-мӕ ӕрбацыд ноджы иу претендент президенты бынатмӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевЦИК Южная Осетия Цхинвал
ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абоны бонмӕ Хуссар Иры ЦӔК-мӕ ӕрбахатыдысты ӕхсӕз адӕймаджы минӕвӕрттӕ, кӕцыты фӕнды сӕхи раразмӕ кӕнын паддзахады уӕлдӕр постмӕ.

ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ЦӔК-мӕ ӕрбахатыд Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ ноджы иу претенденты инициативон къорд.

Председатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Белла: кандидатты минӕвӕрттӕ райдыдтой куырдиӕттӕ хӕссын ЦӔК-мӕ

Ӕвзӕрстагъоммӕ кампани Хуссар Иры райдыдта 17 январы. Ныридӕгӕн ЦӔК-мӕ ӕрбахатыдысты ӕхсӕз адӕймаджы минӕвӕрттӕ, кӕцыты фӕнды сӕхи раразмӕ кӕнын паддзахады уӕлдӕр постмӕ.

"31 январы Централон ӕвзарӕн къамисмӕ ӕрбахатыдысты Багаты Амиран Никалайы фырты минӕвӕрттӕ хъусынгӕнӕнимӕ, РХИ президенты бынатмӕ йӕ кандидатурӕ раразмӕ кӕныны тыххӕй инициативон къорд кӕй нывӕнды ауадзын ӕмбырд", — загътой ЦӔК-ы.

Центрӕвзӕрсткомы банысан кодтой, ӕмбырд уагъд кӕй ӕрцӕудзӕн 6 февралы.

Инициативон къордты ӕмбырдтӕ ныридӕгӕн ауагътой архайгӕ президент Тыбылты Леонид, депутат Къозонты Аланы фарсхӕцджытӕ. Афтӕ ма парти "Иугонд Ирыстон" ауагъта ӕвзӕрстагъоммӕ съезд, цы ран РХИ президенты бынатмӕ кандидатӕй раразмӕгонд ӕрцыд парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0