Митуарды фӕстӕ Цхинвалы коммуналон службӕтӕ сыгъдӕг кӕнынц тротуартӕ

© Sputnik / Михаил Хасиевулица Московская город Цхинвал
улица Московская город Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коммуналон службӕты кусджытӕ дзурынц, уынгтӕ кӕй байзӕрынц сӕ уавӕрмӕ гӕсгӕ, фӕлӕ Цхинвалы цӕрджытӕ хъаст кӕнынц ихӕй ӕмбӕрзт тротуартӕй.

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Босыкты Наталья. Тыхджын миитуарды фӕстӕ Цхинвалы ӕртыццӕджы коммуналон службӕйы бригадӕтӕ ӕрӕвнӕлдтой уынгты фистӕгбӕлццонон хӕйттӕ сыгъдӕг кӕнын ӕмӕ цӕххӕй ӕмбӕрзынмӕ, загъта Sputnik ЦКХ-ы сӕргълӕууӕг Тыбылты Геннадий.

"Мах нӕ куыст райдыдтам Мӕскуыйаг микрорайонӕй, уый фӕстӕ ӕрӕвналдзыстӕм Мӕскуыйы, 8 июны, Сталины уынгтӕ ӕмӕ Джиоты Аланы проспекты тротуартӕм", — загъта Тыбылты Геннадий.

Тротуартӕй дарддӕр ма горӕты ис бирӕ бацӕунтӕ ӕмӕ территоритӕ, кӕцытӕ сты ӕнгом ӕвӕрд бирӕфатерон хӕдзӕртты ӕмӕ паддзахадон уагдӕтты фасадтӕм, уыдонмӕ та, Тӕболты Сергейы уынджы цӕрӕг Ӕлборты Лейлайы хъуыдымӕ гӕсгӕ, горӕты администраци не ′здахы ӕмбӕлон хъусдард.

Снег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мит ракодта коммуналон службæты Цхинвалы уынгтæм

"Ӕрвыл райсом мӕ сывӕллоны кӕнын сабидонмӕ. Мӕхи ӕнкъарын куыд "цӕлхдурты сӕртыл лидзӕг", цалдӕр хатт мӕ къах дӕр фӕбырыд. Мӕ хъус ӕрдардтон, горӕты централон хайы уынгты уавӕр хуыздӕр кӕй у", — банысан кодта Ӕлборты Лейла.

Хуссарирыстойнаг столицӕйы ӕндӕр цӕрӕг ма хъаст кӕны Мӕскуыйы уынджы бырынцъаг тротуартӕй.

"Фыццаг мит ацы зымӕджы ӕруарыд нырма декабры. Уынгты хурварс йӕхӕдӕг батад, фӕлӕ иннӕ фарс уый ныссалд, иухатдӕр ӕй нӕ ныссыгъдӕг кодтой. Мӕскуыйы уынджы ацы фарс у тынг зын цӕуын", — банысан кодта сылгоймаг.

ЦКХ-ы банысан кодтой, коммуналон службӕтӕ тротуартӕ цӕххӕй кӕй пырх кӕнынц рӕстӕгӕй рӕстӕгмӕ, рауаргӕ дӕлдзырӕдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ уынгты уавӕр уый куы домы, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0