Инициативон къорд раразмӕ кодта Кокойты Эдуарды президенты бынатмӕ кандидатӕй

© Sputnik / Мария КотаеваЭдуард Кокойты
Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инициативон къорды ӕмбырды Кокойты Эдуард фехъусын кодта, къухдариугады цавӕр системӕ хъӕуы бакӕнын Хуссар Иры.

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуарды инициативон къорд раразмӕ кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ кандидатӕй.Кокойты Эдуарды фарсхӕцджыты ӕмбырд уагъд ӕрцыд ӕртыццӕджы Цхинвалы.

Экс-президент фехъусын кодта, йӕ фӕнды кӕй ис республикӕйы сӕргъ ӕртыккаг хатт слӕууын, йӕ фӕлтӕрддзинадӕй спайда кӕнгӕйӕ.

"Ныртӕккӕ мӕ ис фылдӕр ныфс ӕмӕ фӕлтӕрддзинад, дӕс азы раздӕр цы уыдтӕн, уыимӕ абаргӕйӕ. Тынг хорз бамбӕрстон мӕ рӕдыдтытӕ иууылдӕр ӕмӕ йӕ зонын, цавӕр къухдариуӕгады системӕ хъӕуы бакӕнын", — загъта Кокойты Эдуард.

Кокойты Эдуарды политикон тырнындзинӕдтӕн Sputnik комментаритӕ сарӕзта Кавказы проблемӕтӕ ӕмӕ регионалон ӕдасдзинады центры сӕйраг зонадон кусӕг Николай Силаев. Уый нымайы, зӕгъгӕ, Кокойты Эдуард зоны, кӕй нӕ рацӕудзӕн ЦӔК-ы домӕнтӕ ӕмӕ йӕ ныфс ис стыр скандалӕй.

Председатель Центральной избирательной комиссии Республики Южная Осетия Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: закон у иу – Кокойты Эдуардӕн дӕр ӕмӕ иннӕ кандидаттӕн дӕр

"Кокойты Эдуард иттӕг хорз зоны, Централон ӕвзарӕн къамис ӕй кӕй не ′срегистраци кӕндзӕн, политикон аххосӕгтӕм гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ барадон. Законы архайгӕ домӕнтӕ, кӕцытӕ йӕ рӕстӕджы сфидар кодта йӕхӕдӕг, кандидатӕй с регистрацийы бар нӕй, ӕвзӕстыты размӕ дӕс азы Хуссар Ирыстоны территорийыл цы ӕмбӕстаг нӕ цард, уымӕн. Уый нысан кӕны, кандидатӕй йӕ раразмӕ кӕнынӕн ис ӕрмӕстдӕр иу аххосаг: законон тобӕмӕ фенхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ егъау скандал саразын республикӕйы уавӕры дестабилизацийӕ ныфсӕвӕрдӕй. Кокойты Эдуарды ацы фӕндтӕ хорз ӕмбӕрстгонд сты куыд ӕвзарджытӕ, афтӕ Хуссар Ирыстоны хицауад ӕмӕ йӕ фӕсарӕйнаг партнертӕн дӕр", — банысан кодта Силаев.

Ӕвзӕрстагъоммӕ кампани Хуссар Иры райдыдта 17 январы. Ныридӕгӕн ЦӔК-мӕ ӕрбахатыдысты ӕхсӕз адӕймаджы минӕвӕрттӕ, кӕцыты фӕнды сӕхи раразмӕ кӕнын паддзахады уӕлдӕр постмӕ.

Инициативон къордты ӕмбырдтӕ ныридӕгӕн ауагътой архайгӕ президент Тыбылты Леонид, депутат Къозонты Аланы фарсхӕцджытӕ. Афтӕ ма парти "Иугонд Ирыстон" ауагъта ӕвзӕрстагъоммӕ съезд, цы ран РХИ президенты бынатмӕ кандидатӕй раразмӕгонд ӕрцыд парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0