ЦӔК: закон у иу – Кокойты Эдуардӕн дӕр ӕмӕ иннӕ кандидаттӕн дӕр

© Sputnik / Руслан Вахаев /  Ахизын медиабанкмæПредседатель Центральной избирательной комиссии Республики Южная Осетия Белла Плиева
Председатель Центральной избирательной комиссии Республики Южная Осетия Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Центрӕххӕстком бындуриуӕг кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр Хуссар Ирыстоны архайгӕ закондӕттынадыл, уый та у алкӕмӕн дӕр иу - Кокойты Эдуардӕн дӕр ӕмӕ президенты бынатмӕ ӕндӕр кандидаттӕн дӕр, бахахх кодта Плиты Белла.

ЦХИНВАЛ, 19 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидат хъуамӕ дзуапп дӕтта "биноныгдзинады ценз" ӕмӕ архайгӕ закондӕттынады ӕндӕр домӕнтӕн, науӕд Центрӕххӕстком не ′сразы уыдзӕн йӕ срегистраци кӕныныл, загъта Sputnik ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг Плиты Белла.

Председатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Плиты Белла: кандидатты минӕвӕрттӕ райдыдтой куырдиӕттӕ хӕссын ЦӔК-мӕ

Ивгъуыд азы кӕрон Хуссар Ирыстоны экс-президент Кокойты Эдуард фехъусын кодта, кӕй фӕнд кӕны ӕртыккаг хатт райсын хайад Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты. Архайгӕ президенты администрацийы кӕцыдӕр чиновниктӕ сарӕзтой комментаритӕ ацы хъусинагӕн, ома Кокойты Эдуардӕн нӕй ӕнӕмӕнгхъӕуӕг "биноныгдзинады ценз", уымӕ гӕсгӕ йӕ Центрӕххӕстком не ′срегистраци кӕндзӕн президенты бынатмӕ кандидатӕй.

"Ӕнӕдызӕрдыгӕй, йӕ архайды ЦӔК бындуриуӕг кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр Хуссар Ирыстоны архайгӕ закондӕттынадыл, уый та у алкӕмӕн дӕр иу — Кокойты Эдуардӕн дӕр ӕмӕ президенты бынатмӕ ӕндӕр кандидаттӕн дӕр", — бахахх кодта Плиты Белла.

Президент Южной Осетии Леонид Тибилов и спикер парламента РЮО Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент ӕмӕ спикерӕн ис ӕмхуызон шанстӕ уӕлахизӕн, равдыста ӕрфарст

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕд адӕймаг фӕстаг дӕс азы ӕппынӕдзух нӕ цард Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕмӕ нӕ дзуапп кӕны "ценз"-ы ӕмӕ ӕндӕр домӕнтӕн, кӕцытӕ сты ӕвӕрд президенты бынатмӕ кандидатты раз, уӕд ЦӔК райсдзӕн уый фӕдыл ӕмбӕлон уынаффӕ ӕмӕ не ′сразы уыдзӕн уый срегистраци кӕныныл.

Хуссар Ирыстоны закондӕттынадмӕ гӕсгӕ, регистрацийы уысммӕ президенты бынатмӕ кандидатыл хъуамӕ 35 азӕй къаддӕр ма цӕуа, хъуамӕ дзура паддзахадон ӕвзӕгтыл ӕмӕ цӕра Хуссар Ирыстоны территорийыл фӕстаг дӕс азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0