Гуырдзыстойнаг сылгоймӕгтӕ фехæлдтой арæн "хуыздæр цардагур" Хуссар Иры

© Sputnik / Егор Еремов /  Ахизын медиабанкмæСлужба на пограничной заставе
Служба на пограничной заставе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой Тбилисы цӕрӕг дыууæ сылгоймаджы, кæцытæ фехæлдтой Хуссар Иры паддзахадон арæн, ацы къахдзæф уыдон сарæзтой "хуыздæр цардуавæртæ агургӕйӕ".

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгӕрон службæ сгары Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстаджы фæткхалды цау, кæцытæ фехæлдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

Уелиты цӕрджытӕн бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны уагӕвӕрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уелиты цӕрджытӕн бамбарын кодтой арӕнгӕрон зонӕмӕ цӕуыны уагӕвӕрд

Фæткхалджыты æрурæдтой Знауыры районы Балтайы хъæумæ хæстæг.

"Сылгоймæгтæ разындысты Тбилисы цӕрджытӕ, 39-аздзыд Балахадзе Шорена Нугзары чызг æмæ 26-аздзыд Балахадзе Лаура Нугзары чызг. Сæ ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон арæны режим фехæлдтой Хуссар Ирыстоны хуыздæр цард ссарыны ныфсæй", — банысан кодтой ПӔК-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0