Президенты бынатмӕ ӕвдӕм претенденты фарсхӕцджытӕ ӕрбацыдысты ЦӔК-мӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевЦИК Южная Осетия Цхинвал
ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон ӕвзарӕн къамисмӕ ӕрбацыдысты Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гулиты Владимиры фарсхӕцджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ радон претенденты фарсхӕцджытӕ фехъусын кодтой ЦӔК-ӕн, ӕмбырд кӕй хъуамӕ ауадзой.

"Централон ӕвзарӕн къамисмӕ ӕрбацыдысты Гулиты Владимир Тотрадзы фырты минӕвӕрттӕ. Ӕмбырд уагъд ӕрцӕудзӕн 7 февралы 16:00 сахатыл профцӕдисты бӕстыхайы", — загътой ЦӔК-ы.

Эдуард Кокойты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Инициативон къорд раразмӕ кодта Кокойты Эдуарды президенты бынатмӕ кандидатӕй

Гулиты Владимир у Ленингоры районы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг.

Афтӕ, абоны бон ЦӔК-мӕ ӕрбахатыдысты авд ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ нывӕндынц Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидаттӕй бацӕуын.

Инициативон къордты ӕмбырдтӕ ныридӕгӕн ауагътой архайгӕ президент Тыбылты Леонид, депутат Къозонты Алан ӕмӕ экс-президент Кокойты Эдуарды фарсхӕцджытӕ.

Раздӕр ма парти "Иугонд Ирыстон" ауагъта ӕвзӕрстагъоммӕ съезд, цы ран РХИ президенты бынатмӕ кандидатӕй раразмӕгонд ӕрцыд парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0