ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны хæдзарон ахæсты иу мæйы æмгъуыдмæ бакодтой ФПС-йы инспекторты ныхмæ фæлæууæг Гӕмосты Тамерланы, хъусын кӕны 15 регион Дзæуджыхъæуы Советон райтæрхондоны уынаффæ.
ФПС-йы инспектортӕ дыццӕджы ӕрлӕууын кодтой автомашинӕ "Лексус LX 570", кӕцы скъӕрдта Дзӕуджыхъӕуы 37-аздзыд цӕрӕг. Документтӕ басгӕрсты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ фыдгӕнӕгмӕ суыдтой пистолет. Шофыр загъта, кӕй у барадхъахъхъӕнӕг органты кусӕг ӕмӕ хӕцӕнгарз кӕй у табелон, фӕлӕ не ′сразы ӕрбавдисын хӕцӕнгарз химӕ дарыны тыххӕй документ.
Фӕстӕдӕр куыд фӕбӕрӕг, афтӕмӕй фӕткхалӕг разынд Уӕрӕсейы Федерацийы прокуратурӕйы цур слестгӕнӕн комитеты кусӕг, I классы юрист Гӕмосты Тамерлан.