Гӕмосты Тамерлан рагӕй нал ис прокуратурӕйы ӕмӕ тагъд нал уыдзӕн администрацийы дӕр

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЗдание правительства Северная Осетия
Здание правительства Северная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гӕмосы фырт, кӕцы фӕлӕууыд ПАИ-йы кусджыты ныхмӕ, рагӕй нал кусы прокуратурӕйы ӕмӕ ма тагъд рӕстӕджы ист ӕрцӕудзӕн йӕ бынатӕй дӕр Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы администрацийы.

ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Гӕмосты Тамерлан, кӕцыйы ӕрурӕдтой Цӕгат Ирыстоны ФПС-йы инспектортӕ, ист ӕрцӕудзӕн йӕ бынатӕй Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады администрацийы паддзахадон-барадон управленийы, фехъусын кодта 15 регион РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады къухдариуӕггӕнӕг Челӕхсаты Рустем.

37-аздзыд Гӕмосты Тамерлан цы автомашинӕ "Лексус LX 570" скъӕрдта, уый ФПС-йы инспектортӕ ӕрлӕууын кодтой дыццӕджы.

Sputnik Цӕгат Иры барадхъӕхъхъӕнӕг органты ратӕдзӕн куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй шофыр ӕрбавдыста се ‘мгъуыд цыд кӕмӕн уыд, прокуратурӕйы кусӕджы ахӕм бӕлвырдгӕнӕн гӕххӕтт ӕмӕ бамбарын кодта, цы хӕцӕнгарз ӕм разынд, уый кӕй у табелон. Уыимӕ иумӕ, машинæйы хицау йæ хæцæнгарзæн æмбæлгæ гæххæттытæ нæ равдыста.

© источник в МВДГӕмосты Тамерланы прокуратурӕйы кусӕджы ахӕм бӕлвырдгӕнӕн гӕххӕтт
Удостоверение на имя Гамосова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕмосты Тамерланы прокуратурӕйы кусӕджы ахӕм бӕлвырдгӕнӕн гӕххӕтт

Челӕхсаты Рустем аиуварс кодта информаци, Гӕмосы фырт Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг науӕд та администрацийы сӕргълӕууӕджы уынаффӕгӕнӕг у, зӕгъгӕ.

Рассмотрение ходатайства следствия об аресте фигурантов дела об убийстве Б.Немцова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕмосты Тамерланы бакодтой хæдзарон ахæсты иу мæйы æмгъуыдмæ

"2011 азӕй фӕстӕмӕ Гӕмосты Тамерлан кусы Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады администрацийы паддзахадон-барадон управленийы, ӕмбӕстагон службӕйы сӕйраг уынаффӕгӕнӕджы бынаты (категори "специалисттӕ"), ома у администрацийы рӕнхъон кусӕг. 2017 азы 16 январӕй та ис отпусчы ӕнӕ лӕскъӕй", — загъта Челӕхсаты Рустем.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрцӕугӕ цауы ӕууӕлтӕ ӕмӕ йӕ аморалон мидис хынцгӕйӕ. Ист ӕрцыдысты мадзӕлттӕ, цӕмӕй уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Гӕмосты Тамерланимӕ фескъуынын кусӕгон ахастытӕ.

"Паддзахадон ӕмбӕстаджы кусӕгӕн ахӕм уагахаст у ӕнӕруадзгӕ", — загъта Челӕхсаты Рустем.

Ног хабӕртты лентӕ
0