Хуссар Иры президенттӕм претендентты нымӕц фӕкъаддӕр

© Sputnik / Михаил ХасиевЦИК Южная Осетия Цхинвал
ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты бынатмӕ претендент Гулиты Владимир, кӕцыйы инициативон къорд амӕй размӕ бахатыд ЦӔК-мӕ, нывӕнды йӕ кандидатурӕ ӕвзӕрстытӕй сисын.

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Президенты бынатмӕ претендент Гулиты Владимир нывӕнды йӕ кандидатурӕ сисын ӕмӕ йӕ скъуыддзаджы тыххӕй Централон ӕвзарӕн къамисӕн фехъусын кӕнын. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта Гулиты Владимир йӕхӕдӕг.

Алан Козонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Инициативон къорд раразмæ кодта Къозонты Аланы президенты бынатмæ кандидатæй

Гулийы фырты фарцхӕцджытӕ ивгъуыд къуыри фехъусын кодтой ЦӔК-ӕн, инициативон къорд кӕй нывӕнды ӕмбырд ауадзын.

"Аскъуыддзаг кодтон мӕ документтӕ Централон ӕвзарӕн къамисӕй рахӕссын. Ӕвӕццӕгӕн, абон ацудзӕн ЦӔК-мӕ ӕмӕ сын фехъусын кӕндзӕн мӕ фӕндон", — загъта Гулиты Владимир.

Уый нӕ бамбарын кодта йӕ скъуыддзаджы аххосӕгтӕ.

ЦӔК-ы Sputnik фехъусын кодтой, нырма сӕм кӕй ницы информаци ис, президентон ӕвзӕрстытӕм кандидаттӕй исчи йӕ документтӕ фӕстӕмӕ хъуамӕ ахӕсса ӕви нӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0