Инициативон къорд раразмæ кодта Къозонты Аланы президенты бынатмæ кандидатæй

© Sputnik / Мария КотаеваАлан Козонов
Алан Козонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутат Къозонты Алан парламентмæ бацыд парти "Адæмы иудзинад"-æй, фæлæ размæгонд цæуы инициативон къордæй.

ЦХИНВАЛ, 31 янв — Sputnik, Хъотайты Мария. Парламенты депутат Къозонты Алан ныфс радта инициативон къордæн, кæцы йæ раразмæ кодта президенты бынатмæ кандидатæй, кæй уадздзæн рæстаг æвзæрстагъоммæ кампани. Президентон æвзæрстыты дыккаг тур кæд уа æмæ Къозонты Алан нæ ахиза фыццаг турæй, уæд "уый йе ʻвварсхæцджытæм нæ сиддзæн иу кæнæ иннæ кандидатæн схъæлæс кæнынмæ".
Къозонты Аланы æвварсхæцджыты æмбырд ацыд республикон рынчындоны.

Алан Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК-мӕ ӕрбацыд фӕндзӕм кандидат

"Сымах мæн раразмæ кодтат æмæ уый у стыр бæрндзинад. Ӕз уын ныфс дæттын, рæстаг кампани кæй уадздзæн æнæ цыфкалдæй æмæ фæсаууон митæй. Кæд мын уæ фæрцы бантыса рамбулын, уæд нæ фæхудинаг кæндзæн мæхи дæр æмæ сымах дæр. Президентон æвзæрстыты дыккаг тур кæд уа æмæ æз нæ ахизон фыццаг турæй, уæд цавæрдæр пайдайы æнхъæлæй ме ʻвварсхæцджытæм нæ хатдзæн иу кæнæ иннæ кандидатæн схъæлæс кæнынмæ. Мæнæн мæ фарсмæ æрбалæууыдысты, мæ фæстæ "æхцайы голджытæ" кæй ис, уый тыххæй нæ, фæлæ мæ адæймагдзинад хынцгæйæ", — загъта Къозонты Алан.

Уый ма ныфсджынæй загъта, æвварсхæцджыты æнæмæнгхъæуæг 3500 хъæлæс сæмбырд кæнын уымæн зын кӕй нæ уыдзæн. Йе ‘взæрстагъоммæ кампанийы уый фæнд кæны стырдæр хъусдард аздахын хъæууон хæдзарады райрæзтмæ.

"Хуссар Ир æмæ Уæрæсейы хсæн æмцæдисы бадзырд бафыссыны рæстæджы дæр банысан æрцыд, республикæйы æцæгæй кæй ис кусӕн хæххон ресурстыл æмæ хъæууон хæдзарады райрæзтыл. Куыстагур адæмæй сæхи чи ныффыссын кодта æгуыст адæмы регистрацийы хайады, уыдон се ʻппæт дæр фæнды куыст ссарын", — загъта уый журналисттæн.

Инициативон къорды æмбырд ацыд республикон рынчындоны конференц-залы, цы ран уый кусы дохтыр-эндоскопистæй.

Къозонты Аланы кандидатурæйы фарс балæууынмæ æрбацыдысты йæ сыхæгтæ, æмкусджытæ æмæ "хæстон æмгæрттæ, кæцытимæ иумæ хъахъхъæдтой республикæ хотыхджын ӕрбабырсттæй".

Цыбыр характеристикæ "бинонты хицау, хорз æмгар"-ы фæстæ Къозонты Аланы фарсмæ æрбалæууынмæ æрсидт дохтыр-уролог Джиоты Виталий.

Глава Южной Осетии Леонид Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леониды раразмӕ кӕныны фӕдыл инициативон къорд бахаста куырдиат ЦӔК-мӕ

Депутат Къозонты Алан парламентмæ бацыд парти "Адæмы иудзинад"-æй, фæлæ президенттæм кандидатӕй размæгонд цæуы инициативон къорды уылты, уымæн æмæ парти гæнæн ис æмæ раразмæ кæна йæ раздзог Чилæхсаты Владимиры.

"Гæнæн ис, Владимир Степаны фырты фæнда президенты бынатмæ кандидатæй бацæуын. Партийы уæнгтимæ хорз ахастытæ бахъахъхъæныны тыххæй ме ʻвварсхæцджытæ суынаффæ кодтой хицæн æмбырд ауадзын, кæцы партийы интерестæ никуыцæй агайы", — бамбарын кодта уый.

Парти "Адæмы иудзинад"-ы раздзог Чилæхсаты Владимир та бамбарын кодта Sputnik, Къозонты Алан рагæй кæй нал архайы партийы интерестыл, уымæн æмæ ахызт закондæттæг органы стырдæр парти "Иугонд Ирыстон"-мæ.
Парти "Иугонд Ирыстоны"-ы та сæхирдыгæй банысан кодтой, Къозонты Алан раздæрау кæй ис парти "Адæмы иудзинад"-ы сконды.

"Къозонты Аланы хисæрмагонд хъуыды арæх æмцау кæны парламенты стырдæр партийы депутатты хъуыдыимæ, уый та нæ цæуы Чилæхсаты Владимиры зæрдæмæ, уырдыгæй цæуынц ацы ныхæстæ", — загъта "Иугонд Ирыстон"-ы партийæ депутат Коцты Олеся.

Къозонты Алан йæхæдæг дæр бæлвырд кæны, парти "Адæмы иудзинад"-ы рæнхъытæй кæй нæ рахызт.

Ног хабӕртты лентӕ
0