Хъӕлдзӕг кандидат: Багаты Амираны инициативон къорд ауагъта ӕмбырд

© Sputnik / Наталья БосиковаАмиран Багаев
Амиран Багаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Багаты Амираны фарсхӕцджытӕ иууылдӕр схъӕлӕс кодтой, цӕмӕй раразмӕгонд ӕрцӕуа Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидатӕй.

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ кандидатӕй Багаты Амираны раразмӕ кӕныны фӕдыл инициативон къорд ауагъта ӕмбырд къуырисӕры.

Цхинвалы профцӕдисты бӕстыхайы залы куыддӕрты ӕрбамбырд сӕдӕ адӕймаджы — ӕнӕмӕнгхъӕуӕг нымӕц, цӕмӕй ЦӔК-ы уӕнгтӕ банымайой ӕмбырд.

ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президенттӕм претендентты нымӕц фӕкъаддӕр

Иннӕ инициативон къордты ӕмбырдтӕй уӕлдай, президенты бынатмӕ претенденты сӕрыл нӕ дзырдтой йӕ фарсхӕцджытӕ. Багаты Амиран, кӕцы республикӕйы бирӕтӕн у ӕнӕзонгӕ, радзырдта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн, цӕмӕн сфӕнд кодта президенттӕм цӕуын. Йӕ раныхас та уыд стыр ирониимӕ.

Уый радзырдта, кӕй куыста бирӕ паддзахадон структурӕты, службӕ кодта фидауынгӕнӕг тыхты рӕнхъыты, куыста таможнӕйы.

"2008-2012 азты куыстон паддзахадон ифтонгады фӕдыл комитеты — хӕрӕн бынаты… Ницыуал мӕм аззад ӕмӕ сфӕнд кодтон президенттӕм бацӕуын", — ахынджылӕг кодта Багаты Амиран.

Йӕ раныхасы уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кӕй хъӕуы бирӕ ивындзинӕдтӕ саразын ӕмӕ равдыста ныфс, кӕй йын бантысдзӕн медицинӕ, ахуырады, царды ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнын.

"Тынг ахсджиаг у пенсиисджыты, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ӕмӕ республикӕйы хъахъхъӕнынады ветеранты — кӕцытӕ аззадысты ӕнӕ паддзахады хъусдардӕй ӕмӕ аиуварс сты республикӕйы ӕхсӕнадон цардӕй — царды ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнын", — загъта Амиран.

Уый ма фидарӕй банысан кодта, кӕй хъавы хъусдард аздахын "курдиатджын" фӕсивӕдмӕ.

Ӕмбырды хайадисджытӕ саргъ кодтой потенциалон кандидаты хъӕлдзӕгдзинадӕн дӕр ӕмӕ йӕ нывӕзттӕн дӕр президентӕй равзарыны рӕстӕджы, уымӕ гӕсгӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты, цӕмӕй раразмӕгонд ӕрцӕуа кандидатӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0