ЦӔК-мӕ ӕрбацыдысты президенттӕм "ӕбӕрӕг" кандидаты фарсхӕцджытӕ

© Flickr / Valis Iscari0tАноним
Аноним - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ЦӔК-мӕ ӕрбацыд инициативон къорд, кӕцы нӕма аскъуыддзаг кодта, кӕй раразмӕ кӕной

ЦХИНВАЛ, 6 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамисмӕ ӕрбацыдысты инициативон къорды уӕнгтӕ, кӕцытӕ нырма нӕ аскъуыддзаг кодтой, кӕй раразмӕ кӕндзысты президентон ӕвзӕрстыты кандидатӕй, фехъусын кодтой Sputnik Централон ӕвзарӕн къамисы.

Амиран Багаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕлдзӕг кандидат: Багаты Амираны инициативон къорд ауагъта ӕмбырд

"Махмӕ ӕрбацыд инициативон къорд, кӕцы йӕ куырдиаты не сбӕлвырд кодта йӕ кандидатурӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕ. Куыд нын загътой, афтӕмӕй кандидаты ном бӕлвырд ӕрцӕудзӕн инициативон къорды ӕмбырды рӕстӕджы, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн 11 февралы Профцӕдисты бӕстыхайы", — загъта ЦӔК-ы минӕвар.

ЦӔК-ы фыццаг хатт сӕмбӕлдысты ахӕм уавӕримӕ, фӕлӕ инициативон къорды документтӕ райстой.

ЦӔК-мӕ абоны куырдиат хынцгӕйӕ, сӕ президентон амбициты тыххӕй фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны аст ӕмбӕстаджы. Уыдонӕй сӕ иу, Гулиты Владимир загъта Sputnik, кӕй рахъуыды кодта президенттӕм цӕуын ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы рахӕсдзӕн йӕ куырдиат ЦӔК-ӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0