Нарты уӕларвон зӕдтӕ сфӕлынддзысты театр, нывгӕнджытӕ ӕрӕвнӕлдтой аивнывкӕнынадмӕ

© Нелли ГабараеваЗдание Госдрамтеатра Южной Осетии
Здание Госдрамтеатра Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры кӕсӕн зал сфӕлынддзысты Нарты кадджыты зӕдтӕ: Галӕгон, Сафа, Ӕфсати, Фӕлвӕра, Куырдалӕгон ӕмӕ Донбеттыр.

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik, Босыкты Наталья. Цӕгатирыстойнаг нывгӕнджытӕ ӕрӕвнӕлдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры кӕсӕн зал фӕлындынмӕ. Сӕ фӕндмӕ гӕсгӕ, уый сфӕлынддзысты Нарты эпосы сюжетмӕ гӕсгӕ.

Строительство театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скифаг ӕмӕ алайнаг хӕстонты нывтӕ срӕсугъд кӕндзысты театры къултӕ

Столицӕйы сӕйраг культурон бӕстыхайы сфӕлындыныл кусынц нывгӕнджытӕ Уалыты Захар ӕмӕ Хетӕгкаты Аслан, бирӕтӕн уый куысты фыццаг иумӕйаг фӕлтӕрддзинад нӕу. Уыдон иумӕ срӕсугъд кодтой Цӕгат Ирыстоны сылгоймӕгты алайнаг моладзандоны аргъуан ӕмӕ къӕбиц. Куыст афтӕ тыхджын рауад ӕмӕ ма рахастой Къостайы номыл паддзахадон премийы номинацимӕ дӕр.

Нывгӕнӕг Хетӕгкаты Асланы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры сфӕлысты сӕйраг хицӕндзинӕд ис информацион сюжетты, цы ран уӕвынц мифологон ӕмӕ историкон моменттӕ.

"Театры къухдариуӕгадимӕ кӕрӕдзи ӕмбарынады фӕрцы махӕн ис фадат истори иууылдӕр иу бӕстыхайы равдисын, уый та фӕахъаз уыдзӕн ацы аивады аргъуанмӕ цӕуӕг ӕрыгон фӕлтӕрӕн банкъарын Нарты эпос", — загъта Хетӕгкаты Аслан.

Залы центры, плафоны алыварс, нывгӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ бынат ссардзысты: Галӕгон, Сафа, Ӕфсати, Фӕлвӕра, Куырдалӕгон ӕмӕ Донбеттыр.

Сценӕйы фӕрсты та ӕрбынат кӕндзысты дыууӕ лирикон композици — Ацӕмӕз ӕмӕ Агуындӕ, рахизфарс та Сырдон. Залы фӕзындзӕн Нарты бӕстӕ, цы ран тӕккӕ дӕр центры, хӕхты фоныл уыдзӕн Уацамонгӕйы нуазӕн.

Дзуццаты Тамерлан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуццаты Тамерлан: тагъд нӕ сценӕйыл фӕзындзӕн Скифтӕ, Сӕрмӕттӕ ӕмӕ Аланты цардвӕндагыл трилоги

Нывгӕнӕг Хетӕгкаты Асланы ныхӕстӕм гӕстӕ, аивнывкӕнынады сюжеты фӕдыл фарст хуссарирыстойнаг республикӕйы къухдариуӕгадимӕ скъуыддзаг цыд бындуронӕй. Нывгӕнджытӕ ӕнхъардтой драматикондӕр ӕмӕ тызмӕгдӕр фӕлгонцтӕ, фӕлӕ сӕ Цхинвалы сразы кодтой театр рухсдӕр ахорӕнтӕй сфӕлындын.

"Эскизтӕ сфидар кӕныны рӕстӕджы мах ӕрцыдыстӕм компромисмӕ ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам райдзаст ахорӕнтӕй спайда кӕнын. Ӕмӕ ма уым аскъуыддзаг кодтам куыст Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны нывгӕнджыты ӕхсӕн адих кӕнын", — банысан кодта нывгӕнӕг.

Театры фойейы сфӕлындыныл кусдзысты хуссарирыстойнаг нывгӕнджытӕ Кӕсойты Лаврент ӕмӕ Чилӕхсаты Магрез,уыдон ныртӕккӕ кусынц эскизты ӕлхынцъон вариантыл, кӕцытӕм гӕсгӕ срӕсугъд кӕндзысты театры холлы систӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0