Президент равзӕрста Хуссар Иры ном раивыны референдумы датӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевПравительство Южная Осетия
Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сæргълæууæг банхъардта ныры ном дæр ныууадзын æмæ ма йæм бафтауын дыккаг - Паддзахад Алани.

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид снысан кодта республикӕйы ном раивыны фæдыл референдумы датæ 2017 азы 9 апрельмæ, хъæлæсæппæрст ацæудзæн президентон æвзæрстытимæ иумæ, фехъусын кодтой Sputnik бӕстӕйы сæргълæууæджы пресс-службæйы.

"Снысан кæнын Хуссар Ирыстоны референдум ахæм фарсты фæдыл: "Разы Дæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы фыццаг статьяйы фыццаг пункт раивын ахæм хуызмæ:" 1. Республикæ Хуссар Ирыстон — Паддзахад Алани — хæдбар демократон барадон бæстæ, кæцы арæзт æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы фæндмæ гæсгæ. Нæмттæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Паддзахад Алани сты æмсæрнысаниуæгджын", — дзырдæуы президенты барамынды.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, бæстæ хъуамæ хæсса йе сфæлдисджыты ном æмæ "алайнаг паддзахад сæндидзын кæныны фæдыл хъуамæ сног кæнæм рагон ном Алани".

Президенто Республики Южная Осетия Л.Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ном раивыны фæдыл референдум æрæмных кæндзысты æвзæрстытæм

"Хуссар Иры адæм сæ хъайтардзинадæй, сæрибардзинады æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау сæ хъæбатыр тохæй сбæлвырд кодтой, фыдæлты аккаг фæдонтæ кæй сты. Нæ фыдæлты ном дих кæнæм Цæгат Иры æфсымæрон республикæимæ. Ӕмрæстæджы хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, нæ республикæ сæрибардзинад кӕй бахъахъхъæдта æмæ хæдбардзинад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны номимæ. Ацы номимæ нæ бæстæйы зонынц дунейы. Абон нæ къух куы сисæм ацы номыл, уæд, зæгъæн ис, ферох кæндзыстæм нæ бæстæйы азфыссынады хъайтардзинæдтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Президенты хъуыдымæ гæсгæ, уынаффæйы мидис уый мидæг ис, цæмæй хъахъхъæд ӕрцӕуа абоны ном — Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ райстӕуа дыккаг ном — Паддзахад Алани.

"Уый фæрцы ӕнæхъæугæ хæрдзтæ æмæ проблемӕтæ нӕ сараздзыстæм, кæцытæ, гæнæн ис, æмæ уой, Хуссар Ирыстоны ном бынтондæр куы айсæм. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, сæ ныхас хъуамæ зæгъой адæм, уынаффæ хæсдзысты цæрджытæ", — банысан кодтой хъусинаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0