ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг Георгий Гиунашвилийӕн, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта диверсион-террористон архайдмӕ, Хуссар Ирыстоны аскъуыддзаг кодтой 20 азы карз режимы колони, фехъусын кодтой Sputnik Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.
Гиунашвили у Хуссар Иры Цхинвалы районы Дисеуы хъӕуӕй рацӕугӕ, ахст ӕрцыд фарон июны. ПӔК сбӕлвырд кодта, 2004 азӕй фӕстӕмӕ уый кӕй иста активон хайад ӕнӕзаконон хӕстифтонг дӕлхайады архайды, кӕцы уыд гуырдзиаг сӕрмагонд службӕты контролы бын.
Уый фӕаххосджын кодтой республикӕйы территорийыл арӕзт теракттӕ ӕмӕ диверситы.
"Равзӕрсты балхынцъы фӕстӕ уголовон хъуыддаг зылынгӕнӕн хатдзӕгимӕ ӕрвыст ӕрцыд Уӕлдӕр тӕрхондонмӕ процессуалон скъуыддзаг райсыны тыххӕй. Тӕрхондонон равзӕрсты фӕстиуӕгӕн бӕлвырд ӕрцыд Гиунашвилийы диверсион-террористон архайд", — загътой ПӔК-ы.
Пресс-службӕйы кусӕг банысан кодта, тӕрхондоны скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, Гиунашвилийы ӕмрӕстӕджы кӕй фӕаххосджын кодтой УФ Уголовон кодексы цыппар статьямӕ гӕсгӕ — "Ӕнӕзаконон хӕстифтонг дӕлхайад саразын ӕмӕ дзы хайад исын", "Террористон акт", " Амарыны фӕлвӕрд" ӕмӕ "Хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджыты адавд".
"Уымӕн аскъуыддзаг кодтой карз режимимӕ колонийы 20 азы фӕбадын", — загътой ПӔК-ы.