Владислав Сурковӕн Цхинвалы равдыстой сывӕллӕтты рынчындон ӕмӕ драмтеатр

© Sputnik / Наталья БосиковаПрезидент РЮО Леонид Тибилов и помощник президента РФ осматривают здание театра
Президент РЮО Леонид Тибилов и помощник президента РФ осматривают здание театра - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ объекты дӕр арӕзт цӕуынц Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты, кӕцы финансгонд цӕуы уӕрӕсейаг бюджетӕй.

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik, Босыкты Наталья. Уӕрӕсейы президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурков президент Тыбылты Леонидимӕ йӕхи цӕстӕй федта сывӕллӕтты ног бирӕпрофилон рынчындон ӕмӕ Паддзахадон драмон театры бӕстыхай.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Плиты Агуындӕ ауагъта уазджытӕн чысыл экскурси медицинон уагдоныл, кӕцы радта бӕлвырд ӕмбарынад, куыд ӕмархайд кӕндзысты аразгӕ объекттӕ кӕрӕдзиимӕ.

Президент Южной Осетии Леонид Тибилов и помощник президента РФ Владислав Сурков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сурков: Уӕрӕсейы нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуссар Ирмӕ раздӕха "талынг ивгъуыд"

"Рынчындоны хъусдардмӕ ист ӕрцыд алцыдӕр — реанимаци, хирурги, терапийы хайадтӕ, поликлиникӕ, диагностикон бокс, нарӕг профилты специалистты кабинеттӕ ӕмӕ дыууӕ операцион блокы. Уымӕй дарддӕр ма уагдоны ис бассейн ӕмӕ спортивон зал. Сывӕллӕтты рынчындон у ӕрмӕстдӕр медицинон кластеры цӕг, кӕцы уыдзӕн ахъаз амбулаторон ӕмӕ стационарон цӕгы ӕхсӕн медиционон ӕххуысы ӕмвӕзад фӕбӕрзонддӕр кӕнын ӕмӕ кадрон ресурсты "ныппырх" фӕкъаддӕр кӕнын", — загъта Плиты Агуындӕ.

Президенты ӕххуысгӕнӕг бацымыдис кодта сывӕллӕтты рынчындоны медицинон кадрты уӕвынадмӕ. Уымӕн ныфс бавӕрдтой, "цӕттӕгӕнӕн курсытӕ кӕй райдайдзысты ацы къуыри".

Ног бирӕпрофилон сывӕллӕтты рынчындон ӕрбайгом кӕндзысты ацы аз, марты.

Паддзахадон драмтеатры арӕзтцӕуӕг бӕстыхай фенгӕйӕ та Сурков равдыста ныфс, тагъд рӕстӕджы Хуссар Ирыстон кӕй райсдзӕн нысаниуӕгджын объекттӕ.

"Ӕхсызгон мын у, тагъд рӕстӕджы Хуссар Ирыстон кӕй райсдзӕн культурӕ ӕмӕ ӕнӕниздзынад хъахъхъӕнынады нысаниуӕгджын объекттӕ", — загъта уый.

Хуссар Ирыстонмӕ йӕ визиты рӕстӕджы Владислав Сурков фембӕлд президент Тыбылты Леонидимӕ, Централон ӕвзарӕн къамисы уӕнгтимӕ. Уый ма хъавы фембӕлын республикӕйы политикон партиты минӕвӕрттимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0