Сурков: Уӕрӕсейы нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуссар Ирмӕ раздӕха "талынг ивгъуыд"

© Алена ТедееваПрезидент Южной Осетии Леонид Тибилов и помощник президента РФ Владислав Сурков
Президент Южной Осетии Леонид Тибилов и помощник президента РФ Владислав Сурков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент президент Тыбылты Леонидимӕ фембӕлды рӕстӕджы Владислав Сурков банысан кодта, ног хицауады ӕрбалӕудимӕ республикӕйы бӕрӕгӕй кӕй зынынц ӕвӕрццаг ивындзинӕдтӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕууӕнк ныры хицауадмӕ та рӕзы бонӕй бонмӕ.

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуссар Ирыстонмӕ раздӕха "талынг ивгъуыд", Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс ӕбӕрӕг ӕгъдауӕй куы цыд хардз, загъта УФ президенты ӕххуысгӕнӕг Владислав Сурков президент Тыбылты Леонидимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид ӕмӕ Владислав Сурков ӕруынаффӕ кодтой экономикӕйы къабазы ӕмгуыстадыл

Уӕрӕсейаг чиновник ӕрцыд Цхинвалмӕ дыццӕджы иубонон визитимӕ. Хуссарирыстойнаг столицӕйы Сурков бабӕрӕг кодта сывӕллӕтты рынчындоны ног бӕстыхай ӕмӕ театр, кӕцытӕ тагъд рӕстӕджы лӕвӕрд ӕрцӕудзысты эксплуатацимӕ.

"Уӕрӕсейы финансон ӕххуыс, уӕззау экономикон уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, кӕны фылдӕрӕй фылдӕр. Фӕлӕ Хуссар Ирӕн арӕзт цӕуы уӕлвӕтк, уымӕн ӕмӕ фӕзынд ӕууӕнк. Уӕрӕсе хорзыл нӕ нымайы, цӕмӕй та раздӕха талынг ивгъуыд. Мӕ зӕрдыл лӕууы, цалынмӕ ды не ′рлӕууыдтӕ республикӕйы сӕргъ, уыцы уавӕр. Тынг уӕззау фӕд ныууагътой уыцы ӕнкъарӕнтӕ мӕ зӕрдӕйы. Уыдтон, цы бынтӕ дын баззад раздӕры къухдариуӕгадӕй, мӕн дисы бафтыдта ӕбӕрнондзинад ӕмӕ ӕнӕпрофессионалондзинад, кӕцытӕ ам дидин калдтой", — загъта Сурков президентӕн.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, раздӕр уӕрӕсейаг финансон ӕххуыс куыд цыд, уый у хицӕн ныхас, "абон мӕ нӕ фӕнды ууыл дзурын, фӕлӕ уавӕр бындуронӕй фӕивта ӕмӕ Уӕрӕсейы абон ӕхсызгонӕй нысан кӕнынц, ныр фӕрӕзтӕй пайда кӕй цӕуы ӕмбӕлонӕй ӕмӕ цӕуынц адӕмы ӕххуысӕн, сӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынӕн".

"Уӕлдай ӕхсызгон та мын уый у ӕмӕ суинаг ӕвзӕрстыты размӕ кӕй ис, цӕмӕй раппӕлӕм. Райгонд стӕм, уӕрӕсейаг ӕххуысӕн уе ′рдыгӕй кӕй ис ӕмбарынад ӕмӕ кӕй нӕ паплой кӕнут уыцы фӕрӕзтӕ", — банысан кодта Сурков.

Тыбылты Леонид банысан кодта, Сурковы визитмӕ республикӕйы кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты рагӕй ӕмӕ загъта бузныджы ныхӕстӕ УФ-йы къухдариуӕгад ӕмӕ сӕрмагондӕй йӕхицӕн Хуссар Ирыстоны фарстытӕм ӕнӕрлӕугӕ хъусдарды тыххӕй.

УФ æмæ РХИ тырысатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хлопонин: УФ кӕронмӕ сæххæст кæндзæн йæхимæ райсгӕ хæстæ Хуссар Иры раз

"Нымайын, республикӕ иуран кӕй нӕ лӕууы, Уӕрӕсейы фӕрцы уымӕн ис размӕцыд. Ӕмӕ мах фӕлывдӕй нӕ рацӕудзыстӕм нӕ ахастытыл ӕмӕ сараздзыстӕм ӕппӕт дӕр, цӕмӕй Уӕрӕсейы ӕххуыс уара йӕ адресаты. Ныфсджынӕй мӕ бон у зӕгъын, куысты фӕстиуӕг бӕлвырд кӕй у цӕстуынгӕ", — загъта президент.

Уый ныфс бавӕрдта, ахӕм фӕндтӕ кӕй уыдзысты фидӕны дӕр ӕмӕ бӕстӕты ӕхсӕн ахастытӕ йемыдзаг уыдзысты мидисӕй, ӕввахс рӕстӕджы та бафыст ӕрцӕудзысты уӕлӕмхас бадзырдтӕ Ӕмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырдмӕ, уый фӕрцы уыдзӕн зӕгъӕн ӕмӕ Бадзырд ӕрцыд реализаци.

Ӕвзӕрстытыл дзургӕйӕ, Тыбылты Леонид банысан кодта, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадӕн ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй ӕвзӕрстытӕ ацӕуой сабырӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0