Цӕгат Ирыстоны спиртзаводты рацараздзысты биоӕртаг уадзынмӕ

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæНовый спиртзавод
Новый спиртзавод - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны хицауад хъуыды кӕны бирӕнымӕц спиртзаводты ӕртаджы альтернативон хуызтӕ, зӕгъӕм, биоэтанол уадзынмӕ рацаразыны фадӕттыл.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Сӕ куыст кӕмӕн ныллӕуыд, уыцы спиртон заводтӕ Цӕгат Ирыстоны фӕнд кӕнынц рацаразын ӕртаджы альтернативон хуызтӕ уадзынмӕ, хъусын кӕны РИА Новости регионы хицауады уынаффӕ.

"Бирӕнымӕц спиртуадзӕн уагдӕттӕн, цыран ис нырыккон ифтонгад, ныллӕууыд сӕ куыст. Уыимӕ иумӕ ис реалон фадӕттӕ уыдон ӕртаджы альтернативон хуызтӕ, зӕгъӕм, биоэтанол уадзынмӕ рацаразынӕн", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Банысангонд ма ӕрцыд архайгӕ закондӕттӕн базӕ бар кӕй нӕ дӕтты биоэтанол уадзын ӕмӕ реализацийӕн, фӕлхасгӕнджытӕ та уыцы продукт агурынц зӕрдиагӕй.

Дыууӕ ӕнӕлегалон спиртзаводы сӕхгӕдтой Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ ӕнӕлегалон спиртзаводы сӕхгӕдтой Цӕгат Иры

"Барадон ӕгъдауӕй фарст скъуыддзаг куы ӕрцӕуа, уӕд уый ӕвӕрццагӕй бандавдзӕн бюдджет алы ӕмвӕзадыл баххӕст кӕныны хъуыддагыл. Уымӕй дарддӕр ма фӕзындзысты ног куыстбынӕттӕ дӕр", — ӕрхастой хъусинаджы республикӕйы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы ныхӕстӕ.

Абоны бон Уӕрӕсейы закондӕттынадмӕ гӕсгӕ нӕй бар биоэтанол уадзын ӕмӕ реализацийӕн. Ӕртаджы альтернативон хуызты фӕдыл законыпроект ӕхсӕнведомствӕйон уынаффӕ куы рацӕуа, уӕд ӕй Уӕрӕсейы хицауад бахӕсдзӕн Паддзахадон думӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0