Тедеты Дзамболат Кокойты Эдуард ӕмӕ цензы тыххӕй: цы байтыдта, уый кӕрды

© Sputnik / Михаил ХасиевТедеев Джамболат
Тедеев Джамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд спортсмен, кӕцы йӕхи фӕлвӕрдта политикӕйы дӕр, нысан кӕны, закон алкӕмӕн дӕр кӕй хъуамӕ уа иугъуызон.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Биноныгдзинады цензӕй нӕй пайда кӕнын ранӕй-ран, алкӕмӕн дӕр хъуамӕ уа ӕмхуызон ӕнӕ уӕлвӕткӕй, загъта хъӕбысхӕсты уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат.

Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦӔК: Тыбылты, Бибылты, Кокойты ӕмӕ иннӕтӕн закон дӕтты ӕмхуызон бартӕ

Тедеты Дзамболат 2011 азы фӕнд кодта Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстыты хайад райсын, фӕлӕ республикӕйы территорийыл ӕмбӕлон рӕстӕг кӕй нӕ цард, уымӕ гӕсгӕ дзуапп нӕ дӕтта биноныгдзинады цензӕн.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы закондӕттӕн нормӕ ӕрцыд Кокойты Эдуарды хъуыдымӕ сӕрмагондӕй уый тыххӕй, цӕмӕй ма бауадза Тедеты Дзамболаты ӕвзӕрстытӕм.

"Закон алкӕмӕн дӕр хъуамӕ уа ӕмхуызон. Ацы закон ӕрымысыд йӕхӕдӕг сӕрмагондӕй мӕн тыххӕй ӕмӕ йыл йӕхӕдӕг дӕр ныр йӕ къах скъуырдта. Ӕркарста, цы байтыдта, уый. Закон ӕрмӕст Тедеты Дзамболатӕн нӕ кусы, фӕлӕ Кокойты Эдуардӕн дӕр", — загъта спортсмен йӕ комментарийы Sputnik.

Тедеты Дзамболат ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ архайгӕ президент Тыбылты Леониды, куыд дыккаг президентон ӕмгъуыдмӕ кандидаты, фарс балӕууыны нысанӕн.

Цхинвалы Тедеты Дзамболат сорганизаци кодта мастер-кластӕ ӕрыгон спортсментӕн, хайад ма дзы райстой олимпиаг чемпионтӕ Рӕмонты Сослан ӕмӕ Хаджимурат Магомедов.

Ног хабӕртты лентӕ
0