ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕнхахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой ӕртӕ адӕймаджы паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй, ӕртӕ дӕр разындысты Гуырдзыстоны ӕмбӕстӕгтӕ, фехъусын кодтой Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.
Фӕткхалджыты ӕрурӕдтой Цхинвалы районы Громы хъӕуы цур. ПӔК сбӕлвырд кодта фӕткхалджыты гоймагдзинад.
"Фӕткхалджытӕ разындысты Гуырдзыстоны Гуры районы Кирбалийы хъӕуы цӕрджытӕ — Автандил Такадзе, Джемал Абалаки ӕмӕ Лаша Тодиашвили", — загътой пресс-службӕйы.
ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕ уадзы равзӕрст, скъуыддзаг цӕуы ӕрмӕджытӕ тӕрхондонмӕ адӕттыны фарст.