Тыбылты Леонид: комбат Гиви уыд йӕ Фыдыбӕстӕйы ӕцӕг патриот

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæОполченец Донецкой народной республики с позывным Гиви
Ополченец Донецкой народной республики с позывным Гиви - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент фехъусын кодта, Хуссар Ирыстон йӕхыуыл кӕй бавзӕрста хӕст ӕмӕ террор ӕмӕ карзӕй азым кӕны Михаил Толстыхы лӕгмард.

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Донецкаг адӕмон республикӕйы хӕдӕфсады батальон "Сомали"-йы командир Михаил Толстых, фӕсном "Гиви"-имӕ, уыд йӕ бӕстӕйы ӕцӕг патриот, кӕцы рӕстагӕй лӕггад кодта йӕ Фыдыбӕстӕйӕн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны стыр хъыгимӕ сӕмбӕлдысты Донбассы ирвӕзынгӕнӕг змӕлды ирддӕр минӕвӕрттӕй иу — батальон "Сомали"-йы командир Михаил Толстыхы трагикон амӕлӕты фыдхабарыл. Йӕ цардӕй ахицӕн йӕ бӕстӕйы иузӕрдион фырт, ӕцӕг патриот, кӕцы ӕнувыдӕй лӕггад кодта йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕн", — дзырдӕуы Тыбылты Леониды тӕфӕрфӕсы телы ДАР-ы сӕргълӕууӕг Александр Захарченкойы адресыл.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, "Хуссар Ирыстон йӕхиуыл кӕй бавзӕрста хӕст ӕмӕ террор ӕмӕ карзӕй азым кӕны ацы ӕбуалгъ фыдракӕнд".

Празднование Дня флага в ДНР - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФХМ: 2016 азы фӕсарӕйнаг делегацитӕ дыууӕ хатты фылдӕр уыдысты балцы ДАР-ы

Донецкаг адӕмон республикӕйы хӕдӕфсады батальон "Сомали"-йы командир Михаил Толстых, фӕсном "Гиви"-имӕ, фӕмард ӕртыццӕджы теракты фӕстиуӕгӕн. Йӕ амӕлӕты йын ДАР-ы хицауад фӕаххосджын кодта Украинӕйы сӕрмагонд службӕты. ДАР-ы хъахъхъӕнынады министрад фехъусын кодта, батальон "Сомали"-йы командир кӕй фӕмард теракты фӕстиуӕгӕн.

Хуссар Ирыстон Донецкаг ӕмӕ Луганскаг адæмон республикæты хæдбардзинад банымадта 2014 азы. 2015 азы апрелы Донецк æмæ Луганскы байгом сты Хуссар Ирыстоны минæварадтæ. Уыцы мæйы Хуссар Ирыстоны байгом сты Луганскаг адæмон республикæ æмæ Донецкаг адæмон республикæйы минæварадтæ.

ЛАР ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн бафыстӕуыд ӕхсӕнпарламентон ӕмӕ ӕхсӕнхицауадон бадзырдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0