ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik, Годжысаты Анна. Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федераци (УУХФ) ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны спортсментӕн, фехъусын кодта брифингы рӕстӕджы УУХФ-йы президент Михаил Мамиашвили.
Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федераци (УУХФ) бафыста ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Хуссар Ирыстоны Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федерациимӕ (УХФ).
Документыл сӕ къухтӕ бафыстой УУХФ-ы президент Михаил Мамиашвили ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй УФ-йы ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат, кӕцы фарон октябры ӕвзӕрст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны УХФ-ы президентӕй.
"Мах баххуыс кӕндзыстӕм Хуссар Ирыстоны ӕрыгон спортсментӕн. Уыцы ӕххуыс хӕсдзӕн системон ӕгъдау. Мӕйы ӕмгъуыдмӕ ӕрцӕудзӕн ӕнӕмӕнхъӕуӕг спортивон ифтонггарз", — загъта УУХФ-йы президент брифингы рӕстӕджы спорткомплекс "Олимп"-ы.
Фыццаджыдӕр уал Хуссар Ирыстоны ӕмбыргонд командӕйӕн ӕрхӕсдзысты республикӕйы логотипимӕ 150 комплекты спортивон дарӕс.
Мамиашвили банысан кодта, "алы хуссарирыстойнаг сывӕллонӕн дӕр, кӕцы абон рахызт гауызмӕ ӕмӕ серьезон ахаст кӕмӕн ис тренировкӕтӕм, уыдзӕн алы фадат дӕр чемпион суӕвынӕн".
Богалтӕ ма журналисттӕн ӕрдзырдтой, спортмӕ ахаст кӕмӕн нӕй, ахӕм нывӕзтты тыххӕй дӕр.
Тедеты Дзамболаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ нывӕзтты ис Алайнаг аргъуаны арӕзтад Цхинвалы.
"Арӕзтады нывӕзт ӕмӕ сметӕ ныридӕгӕн цӕттӕ сты, арӕзтады конкретон бынатыл нырма уынаффӕтӕ цӕуынц хицауады сӕргълӕууӕгимӕ", — банысан кодта Тедеты Дзамболат.