Цӕгат Иры банчы директоры фӕазым кодтой 20 млн сомы хуыснӕгдзинады

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæДенежные купюры России
Денежные купюры России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азымгонд цалдӕр хатт ӕрхион кодта "Россельхозбанчы" цӕгатирыстойнаг филиалы ӕхцатӕ, уымӕй уагдонӕн разиан кодта 20 милуан сомы.

ЦХИНВАЛ, 13 фев — Sputnik. Фӕдагуырд фӕазым кодта "Россельхозбанчы" цӕгатирыстойнаг филиалы директор ӕмӕ йӕ дӕлбар кусӕджы, кӕцытӕ цалдӕр азы мидӕг ракодтой 20 милуан сомы бӕрц зиан финансон уагдонӕн, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны Слестгӕнӕн комитеты слестгӕнӕн управлени.

Работа вневедомственной охраны московской полиции - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны стӕрхон кодтой ОФК-ы уӕнгтӕн, кӕцытӕ давтой пенсиисджыты ӕхца

Фӕдагуырды версимӕ гӕсгӕ, 2013 азы азымгонд райста 5, 5 милуан сомы хъӕууонхӕдзарадон кооперативӕй 10 милуан сомы бӕрц ӕнӕзаконон кредиты тыххӕй ӕмӕ уыцы ӕхцатӕ йӕ дӕлбар куыстуӕтты хыгъдмӕ куы бацыдысты, уӕд сӕ бахардз кодта.

2016 азы марты, азымгонды барамындмӕ гӕсгӕ, операцион кассӕйы гӕс уымӕн систа кассӕйӕ 200 мин доллары, 50 мин евро ӕмӕ 4 милуан сомы. Фӕстӕдӕр азымгонд раздӕхта 40 мин евро, иннӕ ӕхцатӕ та йӕхи бакодта.

СК слестгӕнӕн управленийы зонӕнтӕм гӕсгӕ, азымгондты ӕнӕзаконон архӕйдты фӕстиуӕгӕн банкӕн бакондӕуыд зиан 20 милуан сомӕй фылдӕр.

Слестгӕнӕн органты куырдиатмӕ гӕсгӕ, банчы раздӕры директорӕн рахастӕуыд тӕрхон аххӕсты бакӕнын. Уголовон хъуыддаджы равзӕрст дарддӕр цӕуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0