Хуссар Иры ПӔК аразы оперативон штаб ӕвзӕрстыты рӕстӕгмӕ

© Сайт "За Заслуги Москва"КГБ Южная Осетия Цхинвал РЮО
КГБ Южная Осетия Цхинвал РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ПӔК-ы оперативон штабы минӕвӕрттӕ кусдзысты къуыри авд боны, суанг ӕвзӕрстон кампанийы кӕронмӕ.

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ раконд ӕрцыдысты службӕйы сӕрмагонд режиммӕ, Хуссар Ирыстоны активон ӕвзӕрстон кампанийы райдианы тыххӕй. Уый тыххӕй президент ӕмӕ тыхон структурӕты къухдариуӕггӕнджытимӕ фембӕлды рӕстӕджы загъта ПӔК-ы сӕргълӕууӕг Виктор Шаргаев.

Раздӕр службӕ хӕссыны фӕтыхджындӕргонд режиммӕ рахизыны тыххӕй президентӕн фехъусын кодта мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсар.

"Арӕзт ӕрцыд штаб тыхон структурӕты кусджыты нымӕцӕй, кӕцы ӕрӕмбырд вӕййы къуыри иу хатт. Уыимӕ иумӕ ма информаци дих кӕнӕм реалон рӕстӕджы режимы. Конституцион сконд хъахъхъӕныны фӕдыл ПӔК-ы дӕлхайад раконд ӕрцыд авдбонон кусӕгон къуыримӕ, оперативон сконд уагъд не ′рцӕудзӕн суанг цалынмӕ ӕвзӕрстон кампани кӕронмӕ нӕ бахӕццӕ уа, уӕдмӕ", — загъта Шаргаев.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къухдариуӕгадӕн ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнынц республикӕйы цӕуӕг процестӕ.

Министерство внутренних дел мвд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милици æвзæрстыты тыххæй рахызт сæрмагонд режиммӕ

ПӔК-ы сӕргълӕууӕг ма банысан кодта, столицӕйы хицӕуттӕ кӕй хъуамӕ бамбарын кӕной ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ сӕрмагондӕй, президенттӕм кандидаттӕн, ӕхсӕнадон мадзӕлттӕ уадзыны уагӕвӕрд.

"Ноджыдӕр хъӕуы бамбарын кӕнын, куыд хъӕуы уадзын ӕхсӕнадон мадзӕлттӕ, уыдон уадзыны фӕдыл документ райсыны уагӕвӕрд ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Кӕд мэрия нӕ радта разыйы документ ӕхсӕнадон мадзал ауадзыны тыххӕй, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдонӕн кӕрон скӕндзысты барадхъахъхъӕнӕг органтӕ", — загъта Шаргаев.

Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 9 апрелы. Абоны бонмӕ уал республикӕйы сӕйраг постмӕ ис ӕхсӕз претенденты.

Ног хабӕртты лентӕ
0