ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Семинары хайадисджытӕ Дзӕуджыхъӕуы раныхас кодтой Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы ном аивыны тыххӕй, ноджы ма иу ӕмнысан ном — Республикӕ Алани райсын.
Хуссар Ирыстоны президент снысан кодта 9 апрельмӕ республикӕйы ном аивыны фӕдыл референдум, ома хъахъхъæд ӕрцӕуа абоны ном — Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ райстӕуа дыккаг ном — Паддзахад Алани, кӕцытӕ нымад цӕудзысты ӕмнысаныл.
Дзӕуджыхъӕуккаг епархийы пресс-службӕ куыд хъуысын кӕны, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны ном аивыны перспективӕйыл цы семинары рӕстӕджы уынаффӕтӕ кодтой, уый ауагъта культурон ӕмӕ монон бынтӕ, ахуырад, зонад ӕмӕ националон политикӕйы фарстыты фӕдыл республикӕйы ӕхсӕнадон палатӕйы къамис.
Къамисы сӕрдар, профессор Бзарты Руслан йӕ раныхасы бамбарын кодта историкон законбӕрцад ӕмӕ Ирыстонӕн йӕ фыдӕлтӕй баззайгӕ ном раздахыны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад.
Йӕ позицийы фарс рахӕцыд Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг епископ Леонид, кӕцы банысан кодта, "Уӕрӕсейаг рӕстдинон дзуар кӕй нымайы нырыккон Ирыстоны астӕузаман Аланийы ивӕгыл, уый та нысан у архайгӕ архиерей титулы — епископ Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Алайнаг.
"Фембӕлдӕн хатдзӕг сарӕзта РЦИ-Аланийы Ӕхсӕнадон палатӕйы сӕрдар Бокойты Эльбрус, кӕцы банысан кодта республикӕйы ном аивыны ӕмӕ ацы фарст практикон фӕзуатмӕ ракӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуындзинад", — банысан кодтой епархийы пресс-службӕйы.
Семинары райстой хайад политиктӕ, историктӕ, ӕхсӕнадон ӕмӕ дины архайджытӕ, культурӕйы минӕвӕрттӕ.