Фӕцӕрыны минимум ӕмӕ иугонд номыр: министртӕ ауагътой радон ӕмбырд

© Sputnik / Михаил ГассиевВладикавказ
Владикавказ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны хицауад фехъусын кодта кӕй фылдӕр кӕны республикӕйы цӕрджытӕн фӕцӕрыны минимум, уый баст у хӕлцы аргъы фӕфылдӕримӕ

ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Республикӕ Цӕгат Ирыстоны цӕрджыты фӕцӕрыны минимумы бӕрц 2016 азы 4 кварталы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ у 8896 сомы. Уый та у 198 сом фылдӕр уыцы аз 3 кварталимӕ абаргӕйӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодтой хицауады радон ӕмбырдыл.

Ӕмрӕстӕджы куыстхъом цӕрджытӕн фӕцӕрыны минимумы бӕрц фӕллой ӕмӕ социалон райрӕзты министрад снысан кодта 9 431 сомы, пенсиисджытӕн — 7197 сомы, сывӕллӕттӕн та минималон суммӕ у 9054 сомы.

"2,2% фӕфылдӕр баст у хӕлцы продуктты ӕргътӕ кӕй схызтысты, уыимӕ", — банысан кодта фӕллой ӕмӕ социалон райрӕзты министр Хъесаты Игорь.

"112" ӕрцӕудзӕн ӕххуысмӕ бӕллӕхы рӕстӕджы

МЧС России участвует в поисково-спасательных работах в Непале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирвӕзынгӕнӕджы бон: УУМ-ы истори

Уымӕй дарддӕр ма, ӕмбырды рӕстӕджы райст ӕрцыд Цӕгат Ирыстоны экстренон службӕтӕн иу номыр саразыны скъуыддзаг. Ныр республикӕйы кӕцыфӕнды аварион службӕмӕ дӕр фӕдзурӕн уыдзӕн "112" номыртӕй.

"Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тынг ахсджиаг у, нӕ вазыгджын ӕрдзон-климатон уавӕр хынцгӕйӕ. Арӕзт ӕрцӕудзӕн службӕ, уый радгӕсад хӕсдзӕн суткӕйы цыфӕнды афон дӕр. Ныфс ӕвӕрӕм алы структурӕты ӕмархайдӕй, кӕцытӕн сӕ хӕс у не мбӕстӕгты ӕдасдзинад хъахъхъӕнын", — загъта хицауады сӕрдар Тускъаты Таймураз.

Ног хабӕртты лентӕ
0