ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы ахуырадон уагдӕтты баконд ӕрцыд хайон карантин, грипп ӕмӕ ОРВИ-йӕ фӕрынчын кӕй фӕарӕхдӕр ис, уыцы аххосӕгмӕ гӕсгӕ, хъусын кӕны Дзӕуджыхъӕуы администрацийы пресс-службӕ.
Фӕстаг хатт Цӕгат Ирыстоны скъолайон ӕмӕ скъолаагъоммӕ ахуырадон уагддӕтты карантин бакодтой фарон декабры ӕмӕ адарддӕр ис январы ӕмбисмӕ.
Ацы хатт карантин бакодтой мониторингы фӕстӕ, кӕцы равдыста, грипп ӕмӕ ОРВИ-йы аххосӕй дзӕуджыхъӕуккаг скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты кӕй не сты сывӕллӕтты 20 процентӕй фылдӕр.
Карантиныл ӕхгӕд ӕрцыдысты дыууӕ скъола ӕмӕ аст сабидоны. Кӕцыдӕр скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты та нӕ кусынц хицӕн кълӕстӕ ӕмӕ къордтӕ.
Скъоладзауты ӕхсӕн низы апарахат ма руадзыны нысанӕн Дзӕуджыхъӕуы ахастой каникултӕ фыццагкъласонтӕн — уыдон ахуырӕй ссӕрибар кодтой абоны бонӕй 20 февралы онг.
Фӕстаг зонӕнтӕм гӕсгӕ, цӕгатирыстойнаг столицӕйы карз респираторон вирусон инфекцитӕй фӕрынчыны ӕмвӕзад у 19%-ӕй къаддӕр эпидемикон къӕпхӕнӕй, фӕлӕ цӕрджытӕ арӕх бахатынц ӕххуысы фӕдыл медицинон уагдӕттӕм.