ЦХИНВАЛ, 14 фев — Sputnik, Годжысаты Анна. Милена Иванова схъомыл Хуссар Ирыстоны сфӕлдыстадон, интеллигентон бинонты хсӕн. Цхинвал нырма Сталинир куы уыд, уӕд йӕ дада Уалыты Сослан уыд обкомы фыццаг секретарь: ныры дугмӕ гӕсгӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг. Миленайы мад Уалыты Валентина та у Мӕскуыйаг консерваторийы рауагъдон.
Хуссар Ирыстон — Уӕрӕсе — Маврикий
Цхинвалы 6-ӕм скъола каст фӕуыны фӕстӕ Милена бацыд ахуырмӕ Адӕмты хӕлардзинады уӕрӕсейаг университеты (РУДН) хъӕууонхӕдзарадон факультетмӕ. Уым ӕй йӕ хъысмӕт базонгӕ кодта Анил Джерриимӕ. Анил у сакъадах Маврикийӕ, кӕцы ис Индиаг океаны, Африкӕйы скӕсӕйнаг кӕрон. Лӕппу уӕд ахуыр кодта Мӕскуыйы инженеры дӕсныйад.
Миленӕйы ахӕм "экзотикон" равзӕрстыл йӕ бинонтӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ райгондӕй нӕ сӕмбӕлдысты. Фӕлӕ фӕстӕдӕр Анилимӕ куы базонгӕ сты, уӕд сын лӕппуйы хӕдӕфсӕрмдзинад, хъомылдзинад ӕмӕ йӕ уарзон сылгоймагмӕ ӕгӕрон уарзт балхӕдта сӕ зӕрдӕтӕ.
Афӕдзы фӕстӕ ӕмкъӕйттӕн фӕзынд сӕ фыццаг хъӕбул — фырт Анвин. Уый фӕстӕ бинонтӕ Мӕскуыйӕ аздӕхтысты цӕрынмӕ сӕ райгуырӕн къуыммӕ — дард, фӕлӕ диссаджы рӕсугъд сакъадах Маврикиймӕ.
"Ӕз стыр бузныг дӕн Хуыцауӕй, кӕй мын радта фадат ахӕм дзӕнӕттаг къуымы цӕрынӕн… Фыццаг не ‘мбӕрстон креолаг ӕвзаг, кӕцыйыл дзурынц нӕ сакъадахы, фӕлӕ стӕй райдыдтон уроктӕ дӕттын фортепианойыл цӕгъдынӕйӕмӕ мын уый баххуыс кодта креолаг ӕмӕ французаг ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн. Урокты фӕрцы ма ӕз базонгӕ дӕн тынг бирӕ цымыдисаг адӕмимӕ, номдзыд бинонтимӕ, кӕцытӕн ахуыр кодтон сӕ сабиты", — дзуры Милена.
Сакъадахы цы рӕстӕг цӕры, уый фылдӕр хай Милена снывонд кодта бынӕттон дин сахуыр кӕнын ӕмӕ бамбарынӕн, каст сыгъдӕг тексттӕ санскритыл, цыран, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ис бирӕ иудзинӕдтӕ Библиимӕ.
"Ӕз тынг арф банкъардтон нӕ сакъадахы монон-рухстауӕн энергетикӕйы тых, бауарзтон ын йӕ гомзӕрдӕ ӕмӕ рӕсугъд адӕмы", — мысы Милена.
Рӕстӕджы цыдимӕ сакъадах ссис дунейы элитон курортон бынӕттӕй иу, Миленайы та бирӕ егъау компанитӕ райдыдтой сӕхимӕ кусынмӕ тӕлмацгӕнӕгӕй.
"Мӕ ног цадуаг ӕмӕ ног "ӕз"-ыл кӕронмӕ дзӕбӕх куы сахуыр дӕн, уӕд райдыдтон дарддӕр агурын мӕ бынат царды. Ӕмрӕстӕджы ма мӕ сӕрыхицауимӕ бакондам нӕхи арӕзтадон компани дӕр", — радзырдта Милена.
Миленӕйы уидӕгтӕ прозӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕты
Милена у дыууæ сывæллоны мад. Йæ чызг Элейайыл ныр цӕуы 9 азы, йæ лæппу йыл та — 29. Уый у экономист, цæры æмæ кусы Австралийы.
Милена йæ царды фылдæр хай ӕрвиты Ирыстонæй дард, фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ йæ зæрдæйы стыр бынат ахсы йæ райгуырæн бæстæ.
"Сæрибар рæстæг мын куы вæййы, уæд арæх фыссын æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ. Цас фæнды рæстæг ма цæрон ме ‘ввахс адæмæй дард, æз никуы ферох кодтон мæ уидæгтæ, райгуырæн бæстæ æмæ нæ традицтæ. Æз сæрыстыр дæн, ирон кæй дæн, уымæй. Маврикийы ма куы цардтæн, уæд мæ хæдзары къулыл уыд Уастырджийы ныв. 2011 азы та рауагътон ме ‘мдзæвгæты æмбырдгонд, цыран ис бирæ рæнхъытæ Ирыстоныл", — дзуры уый.
Милена та йӕ цард дарддæр акандзæн Ирыстонæй дард — ныр та Скæсæйнæг Европæйы. Йӕ ныхæстæм гæсгæ, сербæгтæ æмæ ирæттæ æмхуызон бирæ цæмæйдæр сты. Æмæ уый тыххæй чызджы фæнды йæ ног царды æмбалы тагъд рæстæджы базонгæ кæнын ирон æгъдæуттæ æмæ традицитимæ.