Хуссар Иры консулон хайады Дзӕуджыхъӕуы бакӕндзысты ӕвзарӕн фадыг

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæПредседатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева
Председатель ЦИК Южной Осетии Белла Плиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уымӕй дарддӕр ма не‘мбӕстӕгтӕй фӕсарӕнты чи цӕры, уыдонӕн фадат уыдзӕн Хуссар Иры минӕвӕрдты се‘мбӕстагон хӕс сӕххӕст кӕнын

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕй фӕсарӕнты чи цӕры, уыдон схъӕлӕс кӕндзысты РХИ минӕвӕрадты ӕмӕ консулон хайӕдты Дзӕуджыхъӕу, Мӕскуы ӕмӕ Сухумы, фехъусын кодта Централон ӕвзарӕн къамисы сӕрдар Плиты Белла йӕ брифингы рӕстӕджы.

ЦИК Южная Осетия Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕбӕрӕг Хуссар Иры президенты бынатмӕ ноджы иу кандидат

Хуссар Ирыстоны президентон ӕвзӕрстытӕ нысан ӕрцыдысты 2017 азы 9 апрелмӕ. ЦӔК-ы нырмӕ регистрацигонд ӕрцыд фондз инициативон къорд ӕмӕ иу поликон парти, ӕзнон ма президентон амбициты тыххӕй фехъусын кодта Джиоты Анатолийы инициативон къорд дӕр.

"Хуссар Ирыстоны минӕвӕрадты президентон ӕвзӕрстыты рӕстӕджы конд ӕрцӕудзысты ӕвзарӕн фадгуытӕ. Уымӕй дарддӕр ма схъӕлӕс кӕныны фадат уыдзӕн республикӕйы консулон хайӕдты дӕр, уыдон нымӕцы Дзӕуджыхъӕу дӕр", — загъта Плиты Белла.

Ныры онг рабӕрӕг сты президенты бынатмӕ 7 претенденты нӕмттӕ. Уыдон сты Тыбылты Леонид, Бибылты Анатолий, Кокойты Эдурад, Гаглойты Алан, Къозонты Алан Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Анатолий.

Сӕ фарсхӕцджытӕ ныридӕгӕн ӕмбырд кӕнынц къухфыстытӕ. Ноджы ма иу — Гулиты Владимир амӕй размӕ йӕ фӕндыл йӕ къух систа, Гаглойты Хохӕн та нӕ бантыст ӕрӕмбырд кӕнын инициативон къорды ӕмбырд ауадзынӕн фаг адӕймаг.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0