Хуссар Иры депутаттӕ сӕ хъус дарынц Хӕххон Карабахы референдуммӕ

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæНа участке для голосования
На участке для голосования - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕххон-Карабахаг республикӕйы уагъд цӕуы референдум конституцион реформӕйы фӕдыл, Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ сӕ хъус дарынц плебисциты цыдмӕ.

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ сӕ хъус дарынц Хӕххон-Карабахаг республикӕйы референдумы цыдмӕ, фехъусын кодтой Sputnik закондӕттӕн органы пресс-службӕйы.

Конституцион реформӕйы фӕдыл референдум уагъд цӕуы Хӕххон Карабахы къуырисӕры. Ног Конституцийы проект рагхыгъд кӕны, цӕмӕй республикӕйы уа къухдариуӕгады президентон формӕ закондӕттӕн хицауады уӕрӕх ӕххӕстбартимӕ.

"Цӕстдарджытӕй ХКР-йы референдуммӕ ацыдысты парламенты депутаттӕ, парти "Иугонд Ирыстоны" минӕвӕрттӕ Тасойты Дмитрий ӕмӕ Гӕбӕраты Юрий", — загътой пресс-службӕйы.

Хӕххон Карабахы президент Бако Саакян хуыцаубоны фембӕлд Хуссар Ирыстонӕй цӕстдарджытимӕ, хъусын кӕны ХКР-йы сӕргълӕууӕджы официалон сайт.

Регионы России. Республика Северная Осетия - Алания - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссары – паддзахад, цӕгаты – республикӕ: историктӕ домынц ивындзинӕдтӕ

Саакян банысан кодта фӕсарӕйнаг делегациты цӕстдарӕн миссийы нысаниуӕг республикӕйы демократон институтты ӕрфидар кӕныны цӕстӕнгасӕй, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты Арцахы тыххӕй объективон информаци парахат кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ дыууӕварсон ахастыты райрӕзты.

Фӕмбӕлды рӕстӕджы ныхас цыд паддзахадон арӕзтады фарстытыл дӕр, ХКР-йы мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон политикӕйыл, регионалон процестыл.

Ног Конституцийы Хӕххон-Карабахаг республикӕ хуындзӕн Республикӕ Арцах, фӕлӕ дыууӕ ном дӕр уыдзысты ӕмнысан. Уымӕй дарддӕр ма, проектмӕ гӕсгӕ, ХКР-йы нал уыдзӕн премьер-министры бынат, хицауады скондмӕ бацӕудзысты паддзахадон министр ӕмӕ министртӕ. Паддзахадон министр координаци кӕндзӕн президент цы министрты снысан кӕна, уыдоны архайд.

Ног хабӕртты лентӕ
0