Цхинвайлаг армрестлертӕ ссисты УФ фыццагады уæлахиздзаутӕ

© Дыгъуызты Миленайы архивЦхинвайлаг армрестлертӕ
Цхинвайлаг армрестлертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы фыццагады Хуссар Ирӕй архайдтой фондз спортсмены. Уыдон иууылдӕр сӕ уӕлахизӕй сæхицæн фæндаг бакодтой дунейы чемпионатмæ.

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг спортсментæ ссисты армрестлингæй Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзаутæ æмæ призертæ, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы.

Милена Догузова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгъуызты Милена – армспорты иунӕг чызг-архайӕг Хуссар Иры

Уæрæсейы фыццагады Хуссар Ирӕй архайдтой фондз спортсмены. Уыдонæй дыууæ бацахстой фыццаг бынӕттӕ, дыууӕйӕ рамбылдтой ӕвзист майдантӕ, иу та бронзӕ. Ацы уӕлахизӕй се ʻфондз дæр сæхицæн фæндаг бакодтой дунейы чемпионатмæ.

"Уæрæсейы фыццагады +70 уæзы категорийы иууыл тыхджындæр разынд Дыгъуызты Милена. Гасситы Сослан дӕр 90 уæзы категорийы йæ майдантæм бафтыдта ноджы иу. Ерысты дыккаг бынæттӕ та бацахстой Плиты Батрадз æмæ Хæбæлаты Арсен, призерты нымæц æртыккаг бынатимæ баххӕст кодта Хæбæлаты Эуард дæр", — радзырдтой уагдоны пресс-службæйы.

Уæрæсейы фыццагад æрыгæтты хсæн армспортæй цыд 16-18 февралы Мæскуыйы областы. Цхинвайлаг спортсменты бацæттæ кодтой тренертӕ Джиоты Валерий æмæ Бететы Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0