Тыбылты Леонид ӕмӕ Бибылты Анатолий ӕрбавдыстой ЦӔК-мӕ фӕйнӕ 4 мин къухфысты

© Sputnik / Наталья АйриянПравительство Южная Осетия
Правительство Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент ӕмӕ парламенты спикер ӕрбавдыстой ЦӔК-мӕ сӕ фарсхӕцджыты къухфысттӕй фӕйнӕ цыппар минӕй фылдӕр.

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид ӕмӕ парламенты спикер Бибылты Анатолий ӕрбавдыстой Централон ӕвзарӕн къамисмӕ фӕйнӕ цыппар минӕй фылдӕр къухфысттӕ, кӕцытӕ ӕрӕмбырд кодтой республикӕйы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ ӕвзӕрстытӕм сӕ фарсхӕцджытӕй, фехъусын кодтой Sputnik ЦӔК-ы.

Президент Южной Осетии Леонид Тибилов и спикер парламента РЮО Анатолий Бибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент ӕмӕ спикерӕн ис ӕмхуызон шанстӕ уӕлахизӕн, равдыста ӕрфарст

Къуырисӕры ЦӔК райста дыууӕ претендентӕй дӕр президенттӕм кандидатӕй срегистраци кӕнынӕн документты пакет.

"Тыбылты Леонид ӕрбавдыста цыппар мин къухфыстӕй фылдӕр. ЦӔК-ы кусӕгон къорд басгӕрста, документтӕ законӕн дзуапп кӕнынц ӕви нӕ ӕмӕ ницы уагхӕлд сбӕлвырд кодта. Ныртӕккӕ бафыссӕн гӕххӕттытӕ ӕрвыст ӕрцыдысты МХМ-ӕ, ӕрмдзӕфзонджыты экспертизӕмӕ", — загъта ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг Плиты Белла.

Уый банысан кодта, абон ма Централон ӕвзарӕн къамисмӕ документты пакет бафыссӕн гӕххӕттытыимӕ кӕй ӕрбавдыста Бибылты Анатолий дӕр.

Парламенты спикерӕн йӕхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, къухфысттӕ ӕрӕмбырд кодтой 500 сыфы фылдӕр, бафыссӕн сыфтӕ рацыдысты цалдӕр басгӕрст, раст фыст сты ӕви нӕ, уый фӕдыл.

"Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг ме ′мпартионтӕн ӕмӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн. Мах рӕстӕгыл ӕмӕ фаг ӕрӕмбырд кодтам къухфысттӕ, цалдӕр хатт сӕ басгӕрстам, цӕмӕй иу оппонентӕн дӕр ма уа административон фӕрӕз адӕмы фӕндоныл бандавынӕн. Ӕз цӕуын ӕвзӕрстытӕм бӕстӕ коррупцийӕ ссыгъдӕг кӕнын ӕмӕ экономикӕ сӕндидзын кӕныны, адихгонд ирон адӕмы баиу кӕныны дырыс программӕимӕ", — банысан кодта Бибылты Анатолий.

Алы кандидат дӕр хъуамӕ ӕрӕмбырд кӕна йӕ фарсхӕцджыты 3500 къухфысты. Къухфыстты ӕцӕгдзинад сбӕлвырд кӕнынӕн ЦӔК ӕмӕ МХМ-ӕн ис дӕс боны, уӕй фӕстӕ, кӕд документтӕ разыной сыгъдӕг, преденденттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы лингвистон фӕлварӕн. Уымӕй дарддӕр, ЦӔК-ы куырдиатмӕ гӕсгӕ, ӕмбӕлон структурӕтӕ басгардзысты претенденты ӕфтиаг ӕмӕ исады тыххӕй зонӕнтӕ, афтӕ ма дзуапп дӕтты ӕви нӕ "биноныгдзинады цензӕн".

Кӕд мӕ фӕнды президент суӕвын… - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кӕд мӕ фӕнды президент суӕвын…

Ӕвзӕрстагъоммӕ этаптӕ ӕнтыстджынӕй ахизыны фӕстӕ, Централон ӕвзарӕн къамис ратдзӕн претенденттӕн РХИ президенттӕм кандидаты бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Уыцы бонӕй кандидаттӕн уыдзӕн бар ӕвзарджытимӕ фембӕлдтӕ аразын.

Тыбылты Леонид ӕмӕ Бибылты Анатолийӕ дарддӕр аннӕ кандидаттӕй ничи ма ӕрбавдыста бафыссӕн сыфтӕ ЦӔК-мӕ. Президентон амбициты тыххӕй ма фехъусын кодтой экс-президент Кокойты Эдуард, ПӔК-ы кусӕг Гаглойты Алан, аразӕг Багаты Амиран, парламенты депутат Къозонты Алан, афтӕ ма Джиоты Анатолий, кӕцы ма фӕлвӕрдта президенты бынатмӕ бацӕуын 2012 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0