ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Централон ӕвзарӕн къамис ӕрӕхгӕдта инициативон къордтӕй хъусынгӕнӕнты райст, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы ЦӔК-ы сӕргълӕууӕг Плиты Белла.
"17 февралы онг ма мах истам инициативон къордты ӕмбырдты уадзыны фӕдыл хъусынгӕнӕнтӕ. Уый уыд фӕстаг ӕмгъуыд. Мах нал исӕм хъусынгӕнӕнтӕ", — загъта Плиты Белла.
ЦӔК райста фӕстаг хъусынгӕнӕн Цхинвалы цӕрӕг Гӕбӕраты Нары инициативон къордӕй.
"Хъусынгӕнӕны нысан цӕуы, инициативон къорды ӕмбырд уагъд кӕй цӕудзӕн Гӕбӕраты Нары хисӕрмагонд хӕдзары, фӕлӕ уый нӕ банысан кодта ӕмбырд цы рӕстӕг ӕрцӕудзӕн уагъд, уымӕ гӕмгӕ ЦӔК-ы уӕнгтӕ нӕ зонынц, кӕд ӕрбацӕуой ӕмбырдмӕ", — загътой ЦӔК-ы.
Гӕбӕраты Нары хъусынгӕнӕнимӕ, абоны онг Хуссар Ирыстоны президенты бынатмӕ нывӕндынц бацӕуын республикӕйы аст ӕмбӕстаджы. Тыбылты Леонид ӕмӕ Бибылты Анатолий къуырисӕры ӕрбавдыстой ЦӔК-мӕ бафыссӕн сыфтӕ ӕмӕ документты пакет. Кокойты Эдуард, Гаглойты Алан ӕмӕ Багаты Амиран ныридӕгӕн ауагътой ӕмбырдтӕ ӕмӕ ӕмбырд кӕнынц къухфысттӕ. Джиоты Анатолий снысан кодта инициативон къорды ӕмбырд дыццӕгмӕ, 22 февралмӕ.