Амелинайы чиныг "Не едина и неделима"-йӕн уыд презентаци Sputnik пресс-центры

© Sputnik / Наталья АйриянЯна Амелинайы чиныджы презентаци
Яна Амелинайы чиныджы презентаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Яна Амелинайы ног чиныг "Не едина и неделима. Осетия после Беслана и "августовской войны"-йыл ӕруынаффӕ Цхинвалы кодтой эксперттӕ, политологтӕ ӕмӕ журналисттӕ

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы дыццӕджы уагъд ӕрцыд презентаци Кавказаг-геополитикон клубы секретарь-координатор
Яна Амелинайӕн мыхуыры цы ног чиныг рацыд "Не едина и неделима. Осетия после Беслана и "августовской войны", уымӕн.

Чиныджы презентацимӕ Sputnik Ирыстонмӕ ӕрбацыдысты историк ӕмӕ эксперт, медиа-центр "Ир"-ы сӕргълӕууӕг Гаглойты Иринӕ, уӕрӕсейаг эксперт Михаил Чернов.

© Sputnik / Наталья АйриянЯна Амелинайы чиныджы презентаци
Журналисты и гости на презентации книги Яны Амелиной - Sputnik Хуссар Ирыстон
Яна Амелинайы чиныджы презентаци

Чиныджы автор банысан кодта, Ирыстоны темӕйыл кӕй кусы 12 азы дӕргъы ӕмӕ ацы чиныджы рацыды фӕстӕ, "Ирыстоны тыххӕй ӕппындӕр ницыуал ныффысдзӕн".

Ацы чиныг у ууыл, цы аргъӕй бантыст Хуссар Ирыстонӕн ӕхсӕнадӕмон банымад райсын ӕмӕ цавӕр фӕстиуджытӕ уыдзӕн идейон мӕгуырдзинадӕн, кӕцы стых куыд Ирыстоны цӕгатыл, афтӕ хуссарыл дӕр.

"Ацы чиныг куы ӕмбырд кодтон, уӕд хъуыды кодтон, куыд ӕй схондзӕн. Ӕрлӕууыдтӕн вариантыл "Осетия после Беслана и "августовской войны". Ууыл мӕнӕн кӕронмӕ бахӕццӕ Ирыстоны истори", — загъта Амелина.

Чиныг конд у дыууӕ хайӕ, кӕцытӕй алкӕцы дӕр дзуры Ирыстоны царды бӕлвырд замантыл. Автор дзуры, Тбилис йӕхи куыд цӕттӕ кодта РХИ-ы ныхмӕ хотыхджын агрессимӕ, 2008 азы августы хӕстон архӕйдтытыл, "августы хӕсты" ӕхсӕнадон-политикон ӕмӕ моралон-психологон фӕстиуджыты тыххӕй куыд республикӕйы цӕрджытӕ, афтӕ Уӕрӕсейӕн дӕр. Чиныджы хицӕн сӕргӕндтӕ нывонд сты Хуссар Ирыстоны фӕсхӕсты сӕндидзӕны проблемӕтӕн ӕмӕ уӕрӕсейаг паддзахады сконды ирон адӕмы баиуы хъӕппӕрисы реализацийы фарстӕн.

Яна Амелина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik фӕзуатыл ацӕудзӕн Яна Амелинайы чиныджы презентаци

Хицӕн сӕр дзы нывонд у Беслӕны трагедийӕн, кӕцы, Амелинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕфӕлдӕхта йӕ цард.

Чиныджы фӕстаг дыууӕ сӕры дзурынц Хуссар Ирыстоны фӕсхӕст сӕндидзӕн заманыл.

Чиныджы тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой Гаглойты Иринӕ ӕмӕ Михаил Чернов.

Гаглойты Иринӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ирыстоны историйы драматикон цауты рӕстӕджы, чиныджы автор дӕр ӕмӕ Михаил Чернов дӕр уыдысты цауты бынаты ӕмӕ сын ис фадат объективон аргълӕвӕрд саразын республикӕйы фӕстаг азты цыдӕриддӕр цыд, уымӕн.

"Ацы чиныг нӕ ӕппары уыцы бонтӕм ӕмӕ нӕ цӕсты раз ӕрлӕууы тызмӕг ӕцӕгдзинад. Нырма ӕгӕр чысыл рӕстӕг рацыд, цӕмӕй ферох кӕнӕм", —загъта Гаглойты Иринӕ.

Михаил Чернов банысан кодта, ацы чиныг кӕй хъӕуы зонын ӕмӕ ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ ам ис ӕмбырд бирӕ информаци, кӕцы рох кӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0